Уæрхад φ — къуым бынæттон зениты здæхты æмæ экваторы фæзойы астæу, нымад цæуы 0-æй 90 °мæ экваторы дыууæрдыгæй дæр.
Цæгаты æрдæгтымбылæджы географион тæппыты уæрхад (цæгаты уæрхад) нымад цæуы куыд æвæрццæг, хуссар æрдæгтымбылæджы та — æппæрццæг. Ноджы ма абсолютон асмæ гæсгæ стырдæр уæрхæдты тыххæй фæзæгъынц бæрзæндтæ, нолмæ хæстæджыты (ома экватормæ) тыххæй та — ныллæджытæ.
Зæххы формæ (геоид) къорийæ кæй хъауджыдзинад кæны, уымæ гæсгæ географион уæрхад дæр цасдæр хицæн кæны геоцентрон уæрхадæй, т. е. къуымæй ацы тæппы здæхтмæ Зæххы цæнтрæй æмæ экваторы фæзойæ.
Бынаты уæрхад рабæрæг кæнæн ис ахæм астрономион кусæнгарзты æххуысæй — секстант кæнæ гномон, ис ма спайдагæнæн системæтæй GPS æмæ ГЛОНАСС. Уæрхадимæ æмæ азы афонимæ йæ дæргъ баст у бонæн.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Уæрхад, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.