Telegram

Telegram у кросс-платформон мигъон мессенджер, кæцыйы ис гæнæн видеойæ дзурын.

Афтæ ма у VoIP сервис. Сæрæй скуыста 14 августы 2013 азы Уæрæсейы, ныртæккæ та кусы Дубайы. Официалон Телеграмы клиентон æфтуантæ сты арæзт Android, iOS, Windows, macOS æмæ GNU/Linux-æн, раздæр ма уыд арæзт Windows Phone-æн дæр. Ноджы ма ис официалон веб-интерфейс æмæ бирæ æндæр æнæофициалон клиенттæ. Официалон æфтуантæ сты гом кодимæ.

Telegram
Программæйы логотип Telegram
Скриншот программы Telegram
Тип клиент системы мгновенного обмена сообщениями[d], мобильное приложение[d], сайт[d], дотком[d], веб-приложение[d] æмæ интернет-сообщество[d]
Автор Николай Валерьевич Дуров[d] æмæ Павел Дуров[d]
Аразæг Telegram FZ-LLC[d]
Фыст æрцыд C++[d] æмæ Java[d]
Интерфейс Qt[d]
Операцион системæ iOS[d], Android, Windows[d], Chrome OS[d], macOS[d] æмæ Линукс
Интерфейсы æвзæгтæ англисаг, испайнаг, немыцаг, нидерландаг, италиаг, бразилиаг португайлаг[d], корейаг, уырыссаг, францаг, украинаг, каталайнаг, белоруссаг, польшæйаг, малайаг æвзаг[d], туркаг, персайнаг, узбекаг, араббаг, индонезиаг æвзаг[d], Иврит æмæ Хинди
Фыццаг рауагъд 2013-æм азы 14 августы
Аппараты платформæ Android, iOS[d], x86-64[d] æмæ ARM[d]
Фæстаг верси
Читаемые форматы файлов Telegram Desktop Data File (gen)[d]
Создаваемые форматы файлов Telegram Desktop Data File (gen)[d]
Лицензи GNU GPL 3[d], проприетарная лицензия[d] æмæ GNU GPL[d]
Сайт telegram.org(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Телеграмы фæрцы ис гæнæн цæртхуынкъæй шифргонд дзырд кæнын æмæ ма дзы ис ахæм хуызы шифргонд "сусæг" чаттæ, кæдон фæрцы ис гæнæн дыууæ адæймагæн æнæтасæй фыссын кæрæдзимæ смартфоны уылтыл. Мигъон чаттæ та сты клиент/серверон архитектурамæ гæсгæ арæзт. Адæмæн сæ бон у текст æмæ хъæлæсон фыстæгтæ кæрæдзимæ фыссын, анимацон стикертæ æрвитын, видеойæ бадзурын, æрвитын æгæрон нымæц файлтæ(2 гб-æй фылдæр хъуамæ ма уа файл), æрвитын бынат, контакттæ æмæ музыкæ. Апрелы 2020 азы Телеграмы уыд 400 милуан активон архайæджы.

Истори

Арæзт

Телеграм скуыста 2013 Николай æмæ Павел Дуровы фæрцы. Уый размæ, дыууæ æфсымæры сарæзтой уæрæсейаг социалон хыз VK, кæцы фæстæд балхæдта Mail.ru Group. Николай Дуров сарæзта MTProto протокол, кæцы у мессенджеры бындур. Павел та финансон фæрæзтæй баххуыс кодта. Компани æм æфтуан райдыдтой кусын Уæрæсейы 2013 азы æмæ фæстæдæр ацыдысты Германмæ. Телеграмы къухдариуæгад банысан кодтой, зæгъгæ, æхца кусын никуы уыд сæ сæйраг хъуыды

Архайджыты нымæц

 

Миниуджытæ

Нырыккон

Алы 15 минуты, иу сахат æви 8 сахат, Телеграмы архайджытæн сæ бон у сæ нырыккон бынат уынын кæной чаты. Ацы функци скуысты 4.4 версийы рацыды фæстæ Октябры 2017 азы. Кæд цалдæ адæймаджы уынын кæнынц сæ нырыккон бынат, уæд æвдыст цæуынц интерактивон картæйыл. 'Нырыккон бынаты' æвдисыны хъуыддаг д cбон у кæдф нды дæр æрлæуын кæный.

Архитектурæ

Шифрты схемæ

Telegram 
MTProto протоклы схемæ.

Телеграм пайда кæны симметрикон шифрты схемæйæ, кæцы хуыйны MTProto. Протокол арæзт æрцыд Николай Дуровы æмæ иннæ Телеграмы инженерты фæрцы. Йæ бындур у 256-битон симметрикон AES шифрæй, 2048-битон RSA шифрæй æмæ Diffie–Hellman дæгъæлы ивдæй.

Сервертæ

Telegram Messenger LLP-æн ис сервертæ цалдæр бæстæйы æнæхъæн дунейы, уый арæзт æрцыд барæй, цæмæй фæхуыздæр уа сервисы дзуаппы рæстæг. Телеграмы серверон код у æхгæд æмæ проприетарон. Павел Дуров загъта, ома, дам архитектурайы хъæуыдзæн бындурон ивындзинæдтæ, цæмæй хæдбар сервертæн сæ бон уа баиу кæнын Телеграмы мигъмæ.

Адæм, кæдон срегистраци кодтой European Economic Area (EEA) æви Стыр Британийæ, сты General Data Protection Regulations (GDPR)-ы бын. Уый тыххæй иууылдæр бæрæггæнæнтæ сты Нидерландты, æмæ сæ сæйраг компани та у нымад Лондоны регистрацигонд.

Ахаст

Бæрæггæнæнтæ уæй кæныны бот

"Electronic Democracy"-ы сæрдар Володимир Флец Зæрдæвæрæны мæйы 11-æм боны 2020 азы фехъусын кодта, зæгъгæ, Телеграм бот фæзынд Интернеты, кæцы уæй кæны Украинæйы цæрджыты персоналон ифнормаци. Банымадтой, зæгъгæ, 26 милуан цæрæджы бæрæггæнæнтæ дзы ис. Иууылдæр сты Diia æфтуаны регистрацигонд адæм..Фæлæ фæстæдæр премьер-министры хæдивæг æмæ Нымæцон Трансофрмацийы Министрады сæрдар куыд загъта, афтæмæй уыцы ныхæстæ гæды разындысты. Криминалон архайды 25 адæймаг уыд æмæ 30 базæйы къопи ссардтой.

Криптовалютæтимæ архайд

Телеграмæй пайда кодтой криптовалютатимæ архайдæн.

Фиппаинæгтæ

Tags:

Telegram ИсториTelegram МиниуджытæTelegram АрхитектурæTelegram АхастTelegram ФиппаинæгтæTelegramAndroidДубайЛинукс

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

24 майыТалмЕвроКолорадоАфрикæ1965-æм азВалютæПевекЦæгат БрабантИталийы бæрæгбæттæБангладешСарыколаг æвзаг4 февралыЕвропæБургундиБухараТъепаПорт-о-ПренсБагдадПавлово1945-æм азАвстрали1944-æм азХапарандæЧанкыры (ил)Леонкавалло, РуджероХъырымы хæстУзбекистанЛимæАбаканШвециХорватиФранцаг адæмУырыссаг æвзагЭукариоттæТæрсАтатюрк, Мустафа КемальТæтæйраг тæгæрЛилльКошицейы крайОртега, ДаниэльАбердинМæцкъорКартофНитрæйы крайДагъистанТоронто1991-æм азМæскуыйы облæст6 февралыИвгъуыдКельтаг æвзæгтæШрусбериАляскæÆртыццæг1928Чорум (ил)ИрыстонДæллаг Рейн (департамент)2014-æм азХъисын фæндырИспаниМардин (ил)Адыгей🡆 More