Хæбуз

Хæбуз (лат. variola, variola vera) у, адæймагæн тынг тæссаг чи у, ахæй хæцгæ низ.

Дунейы алы адæмæн дæр уыд стыр азары аххос, ирон адæм хæбузы хуыдтой дзуар, стырдзуар дæр (уымæн хæстæг сты иуæй-иу æндæр адæмтæн хæбузы нæмттæ — зæгъæм, хуссар славяйнæгтæ хонынц æй богине, ома, усхуыцау).

Низ чи расайы, уыцы вирустæ вæййынц дыууæ хуызы: Variola major (уымæй чи фæрынчын, уыдонæй 20—90 % мæлынц) æмæ Variola minor (мæлынц 1—3 %). Хæбузæй чи рынчын уыди, уыцы адæймæгтæй бирæтæ куырм кæнынц, иууылдæрæн сæ цармыл баззæйынц ностæ.

Хæбузы ныхмæ æдасæй æфтауын фыццаг базыдта Эдуард Дженнер XVIII æнусы кæрон. Уый пайда кодта хъуджы хæбузы æрмæгæй. Уæдæй европæйаг бæстæты хæбузы ныхмæ æфтауын байдыдтой парахатæй, æмæ уыцы тæссаг низ баззад æрмæст Ази æмæ Африкæйы (уым XX æнусы дæргъы дæр хæбузæй амарди 300 милуан адæймаджы бæрц).

1980-æм азы официалонæй фехъусын чындæуыд, хæбуз кæй нал баззади дунейы, уый тыххæй.

2022-æм азы адæймæгтæ райдыдтой маймулийы хæбузæй рынчын уæвын. Кæд адæймаджы хæбузимæ абаргæйæ афтæ хæцгæ низ нæу, уæддæр у тæссаг.

Фиппаинæгтæ


Tags:

Ирон адæмЛатинаг æвзаг

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Сьюдад-дель-ЭстеЭскишехирТанзани1965-æм азЧехиДжими1948-æм азГитлерГибралтарЦарциатæЗамбиТеладжынКиркук1998-æм азКуасаталДзæлвАллахКорнаг æвзагКæркхуызтæХуссар ИрыстонХъыргъызаг æвзагСæйраг фарсСаратовы облæстЛавсониДакарТарбур арсЦыбыр бæрнады æхсæнадДзывылдарКанзас1772-æм азЦывзыКарчыкъахАгуырды системæЯпонХордæджынтæЧилиЛатинаг æвзагИзмир (ил)МыггагМалиЛондонСоветск (Калининграды облæст)ПальмæхуызтæКурдаг æвзæгтæРумыниМæлдзыгатæ2007-æм азОкинавæ (префектурæ)Синоп (ил)Уæрæсейы империmzby5Дзигойтæ19992000-тæТаджикаг æвзагЧерниговы облæстАнглисаг æвзагДепокБельгиДу ФуАфгъанистанГаглойты АланЦæссыгты фæндагАмазонкæ🡆 More