Кириллон Алфавит

Кириллон алфавит (кириллицæ дæр) у рагон славяйнаг алфавит, кæцы X æнусы дыккаг æмбисы сарæзта Охриды Климент, æмæ йын радта йæ ахуыргæнæг Кириллы ном.

Кирилл æмæ Мефодий, нырыккон зонадон уырнæнмæ гæсгæ, кириллцæ нæ, фæлæ глаголицæ сарæзтой. Кириллон алфавиты глаголицæйы тæваг дæр зыны, фæлæ йæ дамгъæтæй фылдæр бердзенаг алфавитæй сты.

Кириллон Алфавит
Дунейы кириллон алфавитæй кæм фыссынц, уыцы бæстæтæ

Кириллон алфавитæй фыстой славяйнаг чырыстæттæ (уæлдайдæр хуссар æмæ скæсæйнаг дæлкъордты адæмтæ), уыимæ румынаг адæм дæр. Румынийы кириллон алфавитæй латинагмæ рацыдысты æрмæст XIX æнусы (уыимæ æнусы астæу пайда кодтой хæццæ алфавитæй — уыдысты дзы куыд кириллон, афтæ латинаг дамгъæтæ дæр, зæгъæм, «клоs вine» [клос вине]).

1708—1711 азты Пётр I реформæты фæрцы славяйнаг дамгъæтæ райстой сæ нырыккон уынд, афтæ хуынд «граждайнаг шрифт».

Кириллон алфавиты йæ фыццаг сконд бæрæг нæу, фæлæ йæ классикон «рагон славяйнаг» сконды ис 43 дамгъæйы. Уыдоны нæмттæ ивынцы бынæттон традицимæ гæсгæ, таблицæйы сты уырыссаг традицийы верси:

Дамгъæ Фыссынад Нымæцон
нысаниуæг
Зæлынад Ном
А Кириллон Алфавит 1 [а] аз
Б Кириллон Алфавит [б] бу́ки
В Кириллон Алфавит 2 [в] ве́ди
Г Кириллон Алфавит 3 [г] глаго́ль
Д Кириллон Алфавит 4 [д] добро́
Е, Є Кириллон Алфавит 5 [э] есть
Ж Кириллон Алфавит [ж'] живе́те
Ѕ Кириллон Алфавит 6 [дз'] зело́
Ꙁ, З Кириллон Алфавит 7 [з] земля́
И Кириллон Алфавит 8 [и] и́же
І, Ї Кириллон Алфавит 10 [и] и
К Кириллон Алфавит 20 [к] ка́ко
Л Кириллон Алфавит 30 [л] лю́ди
М Кириллон Алфавит 40 [м] мысле́те
Н Кириллон Алфавит 50 [н] наш
О Кириллон Алфавит 70 [о] он
П Кириллон Алфавит 80 [п] поко́й
Р Кириллон Алфавит 100 [р] рцы
С Кириллон Алфавит 200 [с] сло́во
Т Кириллон Алфавит 300 [т] тве́рдо
ОУ, Ꙋ Кириллон Алфавит (400) [у] ук
Ф Кириллон Алфавит 500 [ф] ферт
Х Кириллон Алфавит 600 [х] хер
Ѡ Кириллон Алфавит 800 [о] оме́га
Ц Кириллон Алфавит 900 [ц’] цы
Ч Кириллон Алфавит 90 [ч’] червь
Ш Кириллон Алфавит [ш’] ша
Щ Кириллон Алфавит [ш’т’] ([ш’ч’]) ща
Ъ Кириллон Алфавит [ъ] ер
Кириллон Алфавит [ы] еры́
Ь Кириллон Алфавит [ь] ерь
Ѣ Кириллон Алфавит [æ], [ие] ять
Ю Кириллон Алфавит [йу] ю
Кириллон Алфавит [йа] А йотированное
Ѥ Кириллон Алфавит [йэ] Е йотированное
Ѧ Кириллон Алфавит (900) н] юс малый
Ѫ Кириллон Алфавит н] юс большой
Ѩ Кириллон Алфавит [йэн] юс малый йотированный
Ѭ Кириллон Алфавит [йон] юс большой йотированный
Ѯ Кириллон Алфавит 60 [кс] кси
Ѱ Кириллон Алфавит 700 [пс] пси
Ѳ Кириллон Алфавит 9 [θ], [ф] фита́
Ѵ Кириллон Алфавит 400 [и], [в] и́жица
Кириллон Алфавит
Самуилы фыст кириллон дамгъæтæй. 11 рæнхъы

Рагондæр кириллон фыст, кæцыйы датæ бæлвырд у, у Болгарийы паддзах Самуилы фыст. Уый у паддзахы хионты цыртыл конд. Фысты ис азы кой — 993. Цырт ссардтой XIX æнусы кæрон, ныр Македонийы паддзахад кæм и, уыцы бæстæйы.

Кириллон алфавит æмæ компьютертæ

Кириллон Алфавит 
Уырыссаг клавиатурæйы равæрд
Кириллон Алфавит 
Болгайраг клавиатурæйы равæрд

Кириллон алфавитæй фысгæ æвзæгтæн цы клавитуарæйы равæрдтытæ ис, уыдон æппæндæр иухуызон не сты. Зæгъæм, болгайраг æмæ уырыссаг равæрдтыты ’хсæн иудзинад бынтондæр нæй — æрмæст дамгъæ «З» иу бынаты у (кæс схемæтæ).

Иронау фыссынмæ стандартон кириллон (уырыссаг) шрифтæй уæлдай хъæуы æрмæст иунæг дамгъæ — Æ. Уый тыххæй ирон равæрдтытæ сты уырыссаг клавиатурæйы бындурыл, фæлæ дзы дамгæ Æ лæууы Э кæнæ Щ-йы бынаты. Ирон клавиатурæйæ ис фыссæн куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

Популярондæр кодировкæтæ кириллон тексттæ дарынмæ сты KOI8-R, Windows-1251 æмæ UTF-8.

Кæс

Фиппаинæгтæ


Tags:

Охриды КлиментСлавяйнаг æвзæгтæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

10 февралыКиев269-æм азТаджикаг æвзагУырыссаг æвзагСент-Питер-ПортВинсент ван ГогНежинДевон (графад)1204-æм азТæгæрДжиголаты ДауытКъаспы денджызРеспубликæ КомиШвейцариГаглойты Федыр14 январыСицилиИстаравшанЯндексЦесисФыдыбæстæйы Стыр хæстДидинæгПакистанТверьИзраильСагхъæдШри-ЛанкаКельтаг æвзæгтæ1419-æм азЛабæПлиты ИссæМаастрихтЦæгат Ирыстон1965-æм азТалмГерманЭлементты периодон системæНайробиДæгуйтæСучжоу7 февралыФранцаг адæмМакроэкономикæКонфуцийДыккаг дунеон хæстДзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн заводБерлинРодс, СесилТуркменистанДамаск1872-æм азДзержинск (Дæллаг Новгороды облæст)Мардин (ил)СанскритСтамбул (ил)ЦоколатæСоциалон амалхъомад1991-æм азУналашкæМиногонСæйраг фарсМамсыраты ТемырболатСтодеревскаяЧанкыры (ил)БельфорТорнио🡆 More