Сабыр Фурд: денджыз

Сабыр фурд, вариант у Æнцад океан у дунейы æппæты стырдæр æмæ арфдæр фурд.

Йæ фæзуат у 178 620 млн. км². Йæ алфамбылай сты Еврази, Австрали, Цæгат æмæ Хуссар Америкæйы континенттæ, хуссары та — Антарктидæ.

Сабыр фурд
Сабыр Фурд: денджыз
Характеристикæ
Фæзуат178 684 000 км²
Гуырахст710 360 000 км³
Стырдæр арф10 994 ± 40 м
Астæуккаг арф3984 м
Ран
HGЯO
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сабыр фурд адæргъ и 15,8 мин км цæгатæй хуссарырдæм æмæ 19,5 мин км скæсæнæй ныгуылæнырдæм. Йæ рæстæмбис арф у 3984 метры. Йæ арфдæр бынат у дунейы арфдæр дæлдон бынат — Марианæйы тæрф (-10 994 м). Йæ фæзуатмæ гæсгæ Сабыр фурд у дунейы æппæт сурзæххы бирæ фылдæр.

Сабыр фурд фыццаг чи федта, ахæм европæйаг уыдис испайнаг конкистадор Нуньес де Бальбоа. 1513-æм азы уый йе ’мбæлццонтимæ цæхгæрмæ рацыдис Панамæйы зæхкъубæл æмæ æнæзонгæ фурды был ссардта. Ног денджызæн де Бальбоа радта Хуссар денджызы ном (исп. Mar del Sur).

1520-æм азы 28 ноябры гом фурдмæ рацыдис зындгонд денджызы цæуæг Фернан Магелланы экспедици. Уый рацыдис Хуссар Америкæйæ Филиппинты онг, йæ балц æртæ мæйæй фылдæр фæци. Æппæт балцы дæргъы рæстæг уыдис сабыр, æмæ уый тыххæй фурдæн Магеллан радта Сабыр фурды ном. Фæстæдæр географтæй иуæй-иутæ рæгъмæ рахастой ном ивыны фарста — фæндыди сæ ацы фурд Стыр фурд хонын (уый тыххæй æмæ дунейы стырдæр у), фæлæ ацы ног номæй пайда кæнын нæ байдыдтой.

Сабыр фурд у тынг ахсджиаг транспортон бастдзинадæн, уый ууылты ласынц уæзтæ дунейы алы рæттæм.

Сабыр Фурд: денджыз
Сабыр Фурд: денджыз
Сабыр Фурд: денджыз
Сабыр Фурд: денджыз
Кобейы наулæууæн, Япон Денджызы нау MV Steve Irwin Мельбурны (Австрали) Паром Филиппинтæм ’ввæхс Чилийæ æрбацæуæг хæдтæхæг Куадзæны сакъадахы аэропорты

Фиппаинæгтæ


Tags:

АвстралиАнтарктидæЕвразиХуссар АмерикæЦæгат Америкæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

ДидинæгМысыр11 майыЯстæНидерландаг æвзагИюньМонровиЦайУацдинЧорум (ил)Киреев, Феликс Сергейы фырт1965-æм азБетъырбухЛужков, Юрий Михаилы фыртЧанкыры (ил)ПаткънетДжусойты НафиСливницæЦæгат БрабантНарты кадджытæУыци-уыциГорна-ОряховицæПевекСерверЛалелиСан-ПаулуМиланБолгари1945-æм азНайробиХаханты ДударКабо-ВердеТалм269-æм азКумановоАвстриАИШКубрик, Стэнли1408-æм азAndroidВан Гог, ВинсентInternet ExplorerДоллæр (АИШ)1989-æм аз24 майы1991-æм аз2000-æм азНомдарВалютæМæскуыТæтæрстанИрон адæмБайаты ГаппоХапарандаТернёзенШрусбериКартофУгличНог БæтæхъойыхъæуСасчытæИталиТъепаФранцы регионтæМедведев, Дмитрий Анатолийы фыртЖеневæЦæгат ИрыстонКметад🡆 More