Донмарæн у, доны цыд чи гæрæн кæны, донуат аразынæн ахæм сæрмагонд амаддзаг.
Донмарæн хонынц, дон нæ бауадзынæн цы амаддзæгтæ аразынц, уыдон дæр (Нидерландты денджызы был æмæ æндæр рæтты). Уымæй донмарæнтæ дих кæнынц, дон чи уадзынц æмæ дон чи нæ уадзынц, ахæм дыууæ къордыл.
Цæугæдæттыл донмарæнтæ аразынц, цæмæй доны цыд контролгонд уа (зæгъæм, къæвдаджын рæстæг дон æмбырд кæны донуаты, донмарæны дæлдæр доны æмвæз æдзухдæр иухуызон вæййы). Донмарæны раз æмæ йæ дæлдæр цы æмвæзты хицæндзинад сæвзæры, уый ахъаззаг у электрон тых кусынæн — донмарæны мидæг кæнæ йæ цуры аразынц гидроэлектростанцæ. Донуаты цы бирæ дон æрæмбырд вæййы, уымæй пайда кæнынц наудзыд нывылдæр кæнынæн стæй, хус регионты, быдыртæм дон уадзынæн дæр.
Дунейы бæрзонддæр у хæххон Таджикистаны Нуречы донмарæн (йæ арæзтад фæци 1980-æм азы). Уымæн йæ бæрзæнд у 300 метры. Нуречы ГЭС цы электрон тых дæтты, уый у æппæт бæстæйæн фаг (домæны 98%).
2005-æм азы Хъазахстаны фæци, йæ дæргъ 13 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæм денджызон донмарæны арæзтад. Кокаралы донмарæн фæиппард кодта Аралы денджызы цæгатаг хай уыцы цæхджын цады æндæр хайæй. Уымæй цæгатаг хай (афтæ хуынд Чысыл Арал) дзæбæх кæнын байдыдта, йæ доны æмвæз фæбæрзонддæр, доны у къаддæр цæхх, фæзынди дзы кæсаг дæр.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Донмарæн, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.