А́лан Мэ́тисон Тью́ринг (англ.
Уыдис Бритайнаг империйы Ордены кавалер, Лондоны къароладон æхсæнады уæнг. 1936-æм азы уымæй бахъаргонд абстрактон «Тьюринджы машинæ» баххуыс кодта алгоритмы æмбарынады формализаци кæнынмæ æмæ ныр дæр уымæй бирæ теорион æмæ практикон иртæсæнты пайда кæнынц. Тьюринджы зонадон куыстытæ сты алкæмæн зындгонд бавæрд информатикæ æмæ аразгæ интеллекты бындурмæ.
Алан Тьюринг | |
---|---|
англ. Alan Mathison Turing | |
Гуырæн ном | англ. Alan Mathison Turing |
Райгуырды датæ | 1912-æм азы 23 июны[…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1954-æм азы 7 июны[…] (41 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | криптоанализ[d], информатикæ[d], математикæ, логикæ[d] æмæ криптографи[d] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Алонзо Чёрч[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Робин Ганди[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Сайт | turingarchive.org(англ.) |
Викикъæбицы медиа |
Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы Алан куыста Хицауадон код æмæ шифрты скъолайы, Блетчли-парчы чи æрбынат кодта æмæ Сæмæны бæстæты шифр æмæ кодты тыхсастыл кæм куыстой, уыцы. Лæууыдта Hut 8 къорды сæргъы, кæцыйы сæйраг куыст уыдис Германы хæстон-денджызон флоты фыстæджыты криптоанализ. Тьюринг бакуыста тыхсасты мадзæлтты рæнхъыл, се ’хсæн дæр Bombe-йы теорион базæ — уыцы машинæйы, немыцаг шифратор Enigma-йы тыхсасты тыххæй кæуыл пайда кодтой.
Хæсты фæстæ Тьюринг куыста Национ физикон лабораторийы, кæм йæ проектмæ гæсгæ сарæзтой дунейы фыццаг компьютер, йæ мысæнуаты программæ чи дардта — ACE. 1948-æм азы ахуыргонд Макс Ньюманы хынцыны лабораторимæ æрбацыдта, кæм аххуыс кодта Манчестеры Компьютерты арæзтыл, æмæ уый фæстæ та математикон биологийыл цымыдис кодта. Тьюрин морфогенезы химион бындурыл куыст ныммыхуыр кодта æмæ æнкъуысты режимы цæугæ химион реакцитæ рагзæгъта, зæгъæм, Белоусов-Жаботинскийы реакци, кæцытæ æрмæст 1968-æм азы зонадон æхсæнад базонын кодтой. 1950-æм азы бахъардта эмпирион Тьюринджы тест, компьютеры арæзгæ интеллекты аргъ кæнынмæ.
Уый йеддæмæ Алан Тьюринг зындгонд у куыд гомофобийы зындгонддæр амæттæгтæй иу. 1952-æм азы уый «гуырымыхъхъ æнæфсæрм ми»-йы кæныны аххосджын банымад уыд. Тьюрингæн химион кастраци æмæ ахæстоны ’хсæн æвзæрыны бар радтой, æмæ ахуыргонд равзæрста фыццаг вариант. 1954-æм азы амардис цианиды маргбанызтæй. Фæдагуырд сфидар кодта, Тьюринг йæхи кæй амардта, уый. 2013-æм азы 24 декабры Стыр Британийы ус-къаролæй фæсмард реабилитацигонд æрцыдис.
Алан Тьюринджы номыл хонынц Тьюринджы Преми — информатикæйы фадыджы дунейы æппæтæй авторитетджындæр хорзæх.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Тьюринг, Алан, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.