Уырыссаг адæм, уырыс дæр (уырыс.
Æдæппæт дунейы ис 146 милуан уырыссаджы, уыдонæй Уæрæсейы — 116 милуаны бæрц. Уыцы нымæц кæны къаддæр.
Уырыс | |
---|---|
Хином | русские |
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: 134 млн. | |
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | уырыссаг |
Дин | чырыстон дин |
Хæстæг адæмтæ | славяйнаг адæмтæ |
Этникон дæлкъордтæ | уырыссаг адæмы этнографион æмæ субэтникон къордтæ |
Викикъæбицы медиа |
Уырыссæгты æвзаг у уырыссаг.
Уырыссæгтæ ма цæрынц Украинæйы (11,35 млн), Хъазахстаны (6,23 млн), Узбекистаны (1,65 млн), Белоруссийы (1,34 млн), Хъиргъизы (0,91 млн), Латвийы (0,9 млн), Молдавийы (0,56 млн), Эстонийы (0,47 млн) стæй бирæ æндæр бæстæты. Æдæппæт цæрджыты нымæцæй фылдæр хай уырыс сты Приднестровьейы (30,4 %), Латвийы (27,7 %), Эстонийы (25,6 %), Хъазахстаны (25,1 %).
Уæрæсейы регионты ’хсæн уырыс тæккæ фылдæр хай сты Вологдæйы облæсты (96,56 %). 90% фылдæр кæм сты, ахæм регионты нымæц у 30. Националон республикæты æдæппæт цæрджыты нымæцæй уырыс сты цæрджыты 30-50%, тæккæ къаддæр сты Дагъистан, Мæхъхъæл æмæ Цæцæны (5 % къаддæр).
Уырыс стыр адæм сты, æмæ уый тыххæй дзы разынд цалдæр хицæн субэтникон къорды. Уыдонæй цалдæр сты:
æмæ æндæртæ.
Цæгат Ирыстоны цæрынц 164 мин уырыссаджы, ома республикæйы цæрджытæй 23,1%. Сæ фылдæр цæрынц Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы районы, стæй иуæй-иу хъазахъхъаг хъæуты дæр.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Уырыссаг адæм, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.