Мачу-Пикчу

Ма́чу-Пи́кчу (кечуæ Machu Piсchu — «зæронд цъупп») — сахар рагон Америкæйы, лæууы нырыккон Перуйы террриторийыл.

Ноджы ма Мачу-Пикчу арæх фæхонынц «арвы сахар» кæнæ «мигъты сахар», иуæй-иухатт ма йæ фæхонынц «инкты сæфт сахар». Ацы сахар сарæзтæуыд куыд уæлфæдзæхст хæххон адзон инкты номдзыд хицауиуæггæнæн Пачакутекæй, йæ импери саст куы æрцыдис уымæй æнус раздæр, ома иу 1440-æм азы, æмæ дзы цард æнхъæвзта 1532-æм азы онг, уæд инкты империйы территоримæ æрбабырстой испайнæгтæ. 1532-æм азы йæ цæрджытæ мистерионæй фæдæлдзæх сты. Мачу-Пикчуйымæ æнгæстæ уæлхохон сахар Чокекирао фæцардис дæргъвæтин рæстæг дæр, 1570-æм æзтæм.

Мачу-Пикчу
Хурыскаст Мачу-Пикчуйы

Сахар лæууы хохаг рагъы цъуппыл цæугæдон Урубамбæйы 2057 метры уæлдæр, нырыккон Перуйы территорийыл.

Мачу-Пикчу (Перу)
Мачу-Пикчу
Мачу-Пикчу
Мачу-Пикчу Перуйы картæйыл

Йæ хуымæтæг асмæ гæсгæ Мачу-Пикчуйы бон нæу егъау сахары ролмæ претензи хæссын — 200 бæстыхайæ фылдæр ды нæй. Сæйрагдæр уыдон сты кувæндæттæ, æфтауцтæ æмæ æндæр æхсæнадон хъуыддæгтæн арæзт бæстыхæйттæ. Сæ фылдæр хай у хорз фæлгуыстгонд дуртæй, кæрæдзимæ æнгом тард къæйтæй. Æнхъæлынц йæ хуылфы æмæ йæ алфæмбылай кæй цардысты иу 1200 адæймаджы бæрц, уыдон уым табу кодтой Хуры хуыцау Интийæн, стæй зайын кодтой хъæууонхæдзарадон культурæтæ террасæтыл.

400 азæй фылдæр ацы сахар уыдис рохуаты, æмæ лæууыдис афтидæй. Ссардта йæ америкæйаг иртасæг Йеллы университетæй, профессор Хайрем Бингхем 1911-æм азы 24 июлы. Ардæм куы æрбахæццæ, хицауадæй йын цы хъахъхъæныны бал дихгон æрцыдис æмæ лæппу-фæндагамонæгимæ, уæд дзы рабæрæг кодта зæххкусджыты. Куыд йын радзырдтой, афтæ цардысты уым сæрибарæй, æнæ зæрдæмæнæцæугæ æрбацæуджытæй, æнæ чиновниктæй, æфсадмæ «бархионты» чи фыссы, æнæ хъалон æмбырдгæнджытæй. Уый йæдтæмæ ма ам балæууыдысты фендтæгты уарзджытæ, уыдон ам ныууагътой гранитон къултыл сæ нæмттæ æвзалыйæ фыстæй.

Мачу-Пикчуйæн ис тынг дырыс структурæ. Хуссарскæсæны йæхи бæрæг кæны галуанон арæзтыты комплекс. Цы дуртæй арæзт у уыдон атфæ лæмбынæгæй фæлгуыст æрцыдысты, æмæ ис фидарæй зæгъын: нæ разы стыр хицæутты æмæ æлдæртты цæрæнрæттæ ис.

Ныгуылæйнаг хайы уæлвонг кæны сæйраг кувæндон нывондкæныны алтаримæ. Йæ ныхмæ цæрæн квартал, æнгом арæзт у дыууæуæладзыгон хæдзæрдтæй. Сæ астæуты, раст куыд лабиринты цæуынц нарæг фæндæгтæ æмæ асинтæ, арæх æрбакæнынц куымаумæ кæнæ дæлджинаджы сæрмæ æвæрд терассæмæ.

Испайнаг конкистадортæ не рбахæццæ сты Мачу-Пикчумæ. Ацы сахар ничи фехæлдта. Фæлæ цы у мæ цæмæн хъуыдис уый бæлвырд бæрæггонд не рцыдис. Цæмæн бахъуыдис амайын сахар 2450 метры бæрзæндыл, паддзахады центрæй афтæ дард æвæрд раны. Нæу бæрæг бæлвырд йæ цæрджыты нымæц дæр æмæ йæ цæг ном дæр.

Мачу-Пикчу литературæ æмæ кинeматографы

  • Чилиаг поэт Пабло Неруда сбæрæг кодта Мачу-Пикчу 1943-æм азы, Чилимæ Мексикæйæ фæстæмæ фæндагыл. Уыцы бабæрæджы тыххæй йын цы тæлмæнтæ баззадис, уыдон систы йе ’мдзæвгæты цикл «Мачу-Пикчуйы цъуппытæ»-ы бындур (уый у Нерудæйы поэмæ «Иумæйаг зарæг»-ы сæйраг циклтæй иу).
  • Киноныв «Мотоциклисты боныгтæ»-йы æрыгон Че Гевара йæ ’мбал Альвароимæ бабæрæг кæнынц Мачу-Пикчу Хуссар Америкæйыл балц кæнгæйæ.

Панорамæтæ

Мачу-Пикчуйы панорамæ


Мачу-Пикчуйы панорамæ


Мачу-Пикчуйы панорамæ


Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ

Tags:

Мачу-Пикчу литературæ æмæ кинeматографыМачу-Пикчу ПанорамæтæМачу-Пикчу Кæс ноджыМачу-Пикчу ФиппаинæгтæМачу-Пикчу ÆрвитæнтæМачу-Пикчу1440-æм аз1532-æм азПеруХуссар Америкæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Telegram24 февралыТорниоПортугалиАвстри1510-тæТалмНитрæйы крайГазæйы СекторТохъат (ил)КобулетТанзаниДæллаг Рейн (департамент)Манголы Адæмон РеспубликæТуркуСунжæ (хъæу)Хъазахаг адæмХъазахстан24 майыАляскæПреториЛиванАйранДеттифоссФæранк1886-æм азАзТернёзенАвстралиРеспубликæ КомиДæгуйтæСент-Винсент æмæ ГренадинтæНайробиСолондзыФилиппинтæКраковХъырымы хæстПавловоМæскуыйы облæстЭнциклопеди23 апрелыЖирондæКилис (ил)МаастрихтУазал хæстЖеневæТамилаг æвзагСаморæ (провинци)КомортæПортугайлаг æвзагСтамбул (ил)Социалон амалхъомад1128-æм азКоцойты АрсенДзæлв1881-æм азИнтернет2012-æм азБеринг, ВитусХорватаг æвзагБангладешAcer tataricumСити (Лондон)Истаравшан🡆 More