Дие́го Арма́ндо Марадо́нæ (исп.
Хъазыдис клубтæ «Архентинос Хуниорс», «Бока Хуниорс», «Барселонæ», «Наполи», «Севилья» æмæ «Ньюэллс Олд Бойз»-ы сконды. Аргентинæйы иугонд командæйы сконды ахъазыдис 91 хатты æмæ дуармæ бакодта 34 голы.
| |
Иумæйаг информаци | |
Æнæхъæн ном | Диего Армандо Марадонæ |
Фæсномыг | Сызгъæрин лæппу |
Райгуырдис | 1960-æм азы 30 октябры[…] |
Амардис | 2020-æм азы 25 ноябры (60 азы) |
Æмбæстонад | |
Ас | 165 см |
Уæз | 70 кг |
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг, размæбырсæг |
Викикъæбицы медиа |
Марадонæ у 1986-æм азы дунейы чемпион, 1990-æм азы дунейы вице-чемпион, цыппар дунейы чемпионатты архайæг. Уый йеддæмæ хæссы Хуссар Америкæйы хуыздæр футболисты кадджын ном (1979, 1980). Аргентинæйы чемпион клуб «Бока Хуниорс»-ы сконды, «Наполи»-йы та куы хъазыдис, уæд дыууæ хатты сси Италийы чемпион дæр.
Марадонæ у сахар Буэнос-Айресы кадджын гражданин. Йæ ном хæссы клуб «Архентинос Хуниорс»-ы ног стадион (гом æрцыдис 2003-æм азы декабры). 2005-æм азы Марадона райста Аргентинæйы сенаты Фаустино Сармиэнтойы номыл преми.
Марадонæ йæ хъазæджы карьерæ куы фæци, уæд куыста телекомментаторæй Аргентинæ æмæ Италийы. Иуæй-иу киноты дæр ахъазыдис рольтæ.
2008-æм азы октябрæй 2010-æм азы июлы онг Марадонæ куыста Аргентинæйы иугонд командæйы сæйраг тренерæй.
Диего Армандо Марадонæ райгуырдис 1960 азы 30 октябры 5 сахатыл, уыдис хуыцаубон. Уый райгуырдис сахар Ланусы, Буэнос-Айресы цур, кусæг бинонты ’хсæн — йæ фыд куыста Тритумолы куыройы, йæ мад та, Дальмы Сальвадоры Франко, кастис йæ сывæллæттæм хæдзары. Марадонæ сси йæ ныййарджыты фæндзæм сывæллон, фæлæ сæ фыццаг лæппу: йæ разæй райгуырдысты цыппар хойы, Ритæ, Анæ, Эльзæ æмæ Мария.
Нарсисо Бинаньянайы иртастæм гæсгæ, Марадонæйы мыггаджы уидæгтæ сты Италийы, суанг ма Марко Полоимæ баст сты. Йæ фыдæлты ’хсын уыдысты хорватæгтæ дæр.
Дæс мæйы йыл куы цыдис, уæд базыдта цæуын. Йæ сабибонтæй згъордта пуртиимæ, фæлæ цы хъазт хъазыди йе ’мбæлттимæ, уый футбол нæ уыдис.
Марадонæйыл авд азы куы цыдис, йæ хæстæг Бето йын балæвар кодта æцæг пурти. Диегойы зæрдæмæ афтæ тынг фæци ацы лæвар, æмæ суанг ма фынæй кодта пуртиимæ. Ацы пуртийæн стыр аргъ кодта æмæ æнæхъæн зымæджы дæргъы кæртмæ йæ нæ хаста, иуæй-иу хатт ахъазыд хæдзары цур йæ хотимæ.
Футболы йæ фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, йæ уарзондæр позици уыдис либеро (уæгъдибар хъахъхъæнæг). Сахатгай уый хъазыдис иннæ лæппутимæ «Авд фæзы» ран, азтæ куы цыдысты, афтæмæй Диего йæ ныфс арæхдæр хаста размæ бырсыныл. Фæстæдæр уый сси йæ кæрты хуыздæр хъазджытæй иу, æмæ æндæр скъоладзæуты фæндыди цæмæй семæ хъаза иу коммандæйы. Йæ скъолайы цы командæ уыдис, уый мидæг дæр хъазын райдыдта. Йæ фыды фæндыди цæмæй Диего хуыздæр ахуыр кæна, æмæ иуæй-иу хатт гыццыл Диегойы нæ уагътой хъазынмæ. Йæхæдæг куыд мысы, ахæм бонты-иу фæкуыдта дзæвгæр рæстæг. Йæ ныййарджыты тыххæй бирæ хорз ныхæстæ фæзæгъы, иу хатт загъта: «Мæ ныййарджытæ мæхицæй мæй куы курой, уæд мæ бон цы уа, уый скæндзынæн цæмæй сын раттон мæй. Æмæ уый ницы уаид, уыдон мæн тыххæй цас сарæзтой, уыимæ абаргæйæ».
Диего Марадонæйы статистикæй æтмкæй райсгæ:
Клуб | Сезон | Лигæ | Лигæ | Хъалац | Континенталон | Иннæ | Æдæппæт | |||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | Хъæзтытæ | Голтæ | |||
Архентинос Хуниорс | 1976 | Фыццаг дивизион | 11 | 2 | 0 | 0 | – | – | 13 | 2 | ||
1977 | Фыццаг дивизион | 49 | 19 | 0 | 0 | – | – | 49 | 19 | |||
1978 | Фыццаг дивизион | 35 | 26 | 0 | 0 | – | – | 35 | 26 | |||
1979 | Фыццаг дивизион | 26 | 26 | 0 | 0 | – | – | 26 | 26 | |||
1980 | Фыццаг дивизион | 45 | 43 | 0 | 0 | – | – | 45 | 43 | |||
Æдæппæт | 166 | 116 | 0 | 0 | 0 | 0 | 0 | 0 | 166 | 116 | ||
Бока Хуниорс | 1981 | Фыццаг дивизион | 40 | 28 | 0 | 0 | – | – | 40 | 28 | ||
Барселонæ | 1982–83 | La Liga | 20 | 11 | 5 | 3 | 4 | 5 | 6 | 4 | 35 | 23 |
1983–84 | La Liga | 16 | 11 | 4 | 1 | 3 | 3 | – | 23 | 15 | ||
Æдæппæт | 36 | 22 | 9 | 4 | 7 | 8 | 6 | 4 | 58 | 38 | ||
Наполи | 1984–85 | Serie A | 30 | 14 | 6 | 3 | – | – | 36 | 17 | ||
1985–86 | Serie A | 29 | 11 | 2 | 2 | – | – | 31 | 13 | |||
1986–87 | Serie A | 29 | 10 | 10 | 7 | 2 | 0 | – | 41 | 17 | ||
1987–88 | Serie A | 28 | 15 | 9 | 6 | 2 | 0 | – | 39 | 21 | ||
1988–89 | Serie A | 26 | 9 | 12 | 7 | 12 | 3 | – | 50 | 19 | ||
1989–90 | Serie A | 28 | 16 | 3 | 2 | 5 | 0 | – | 36 | 18 | ||
1990–91 | Serie A | 18 | 6 | 3 | 2 | 4 | 2 | 1 | 0 | 26 | 10 | |
Æдæппæт | 188 | 81 | 45 | 29 | 25 | 5 | 1 | 0 | 259 | 115 | ||
Севилья | 1992–93 | La Liga | 26 | 5 | 3 | 1 | – | – | 29 | 6 | ||
Newell's Old Boys | 1993–94 | Фыццаг дивизион | 5 | 0 | – | – | – | 5 | 0 | |||
Бока Хуниорс | 1995–96 | Фыццаг дивизион | 24 | 5 | – | – | – | 24 | 5 | |||
1996–97 | Фыццаг дивизион | 1 | 0 | – | – | 1 | 0 | 2 | 0 | |||
1997–98 | Фыццаг дивизион | 5 | 2 | – | – | – | 5 | 2 | ||||
Æдæппæт | 70 | 35 | 0 | 0 | 0 | 0 | 1 | 0 | 71 | 35 | ||
Æдæппæт карьерæйы | 492 | 259 | 57 | 34 | 32 | 13 | 8 | 4 | 590 | 310 |
Аргентинæйы иугонд командæ | ||
Аз | Хъæзтытæ | Голтæ |
---|---|---|
1977 | 3 | 0 |
1978 | 1 | 0 |
1979 | 8 | 3 |
1980 | 10 | 7 |
1981 | 2 | 1 |
1982 | 10 | 2 |
1983 | – | – |
1984 | – | – |
1985 | 10 | 6 |
1986 | 10 | 7 |
1987 | 6 | 4 |
1988 | 3 | 1 |
1989 | 7 | 0 |
1990 | 10 | 1 |
1991 | – | – |
1992 | – | – |
1993 | 4 | 0 |
1994 | 7 | 2 |
Æдæппæт | 91 | 34 |
Марадонæ уарзы Кубæ æмæ Фидель Кастройы. Йæ автобиографион чиныг «Эль Диего»-йæ ссардта Кастройы ном.
1986-æм азы ФИФА-йы дунеон чемпионаты рæстæг Англисы командæйы ныхмæ хъазгæ йæ къухæй бакъуырдта иу гол, фæлæ тæрхонгæнæг йæ нæ бафиппайдта. Асиф Кападиайы 2019-æм азы документалон фильмы йæхæдæг куыд радзырдта, тынг хорз зыдта, уыцы гол йæ къухæй кæй бакъуырдта, уый. Фæлæ не схъæр кодта йæ къухы кой уый тыххæй æмæ уыцы голæй раст цыма йæ маст систа англисæгтæй Мальвины сакъадахтыл хæсты тыххæй. Марадонæйы ацы гол зындгонд сси куыд «Хуыцауы къух» (исп. La mano de Dios).
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Марадонæ, Диего Армандо, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.