Шииттæ (арабб.
Уыцы здæхтытыл хæст дингæнджытæм гæсгæ имам уæвыны, стæй уммæйы сæргъы уæвыны бар ис æрмæстдæр пехуымпар Мæхæмæты фæдонтæн. Фæлæ фылдæр хатт шииттæй хонынц уыдоны сеппæты нæ, фæлæ сæрмагондæй дыууадæсон шиитты (уырыс. шииты-двунадесятники). Уыдон сæ нымæцмæ гæсгæ сты пысылмон дины дыккаг стырдæр здæхт (суннитты фæстæ). Ацы здæхты дингæнджытæм гæсгæ пехуымпар Мæхæмæты закъонон бындартæ сты айдагъ Али ибн Абу Талибы сæйраг хаххы фæдонтæ.
Ныртæккæ шиитты алыхуызон коммунæты дингæнджытæ цæрынц, зæгъæн ис æмæ æппæт пысылмон бæстæты. Шииттæ сты Ираны, Азербайджаны æмæ Ирачы цæрджыты фылдæр хай, стæй уыцы здæхтыл хæст сты бирæ адæймæгтæ Ливаны, Йемены, Бахрейны. Таджикистаны Хæххон Бадахшаны автономон облæсты цæрджыты фылдæр хай сты исмаилитаг шииттæ.
Уæрæсейаг шиитты нымæц у цъус. Уыдон сты: лекъæгты æмæ даргинæгты чысыл хай Дагъистаны, стæй нæ бæстæйы чи цæры, уыцы азербайджайнæгтæн сæ фылдæр.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Шиизм, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.