Мидхæст (мидæгон хæст, мидбæстон хæст, граждайнаг хæст) у хæсты ахæм хуыз, иу бæстæйы цæрджытæй кæрæдзийы ныхмæ къордгай куы хæцынц æппæт бæстæ кæнæ йæ хицæн регионы æлдариуæгыл, кæнæ паддзахадон политикæ ивыныл.
Уый у карз тох, арæх паддзахадон æфсад дæр дзы архайы. Мидхæсты рæстæг дыууæ хæцæг фарсы кæрæдзийы ныхмæ тыхмитæ аразынц, ома, исты паддзахад йæ сабыр цæрджыты бындзагъд куы кæны, уый мидхæст хонæн нæу. Афтæ чысылдæр быцæутæ («змæстытæ») дæр мидхæсты бæрæггæнæнæй æдде сты.
1945-æм азæй фæстæмæ мидхæстыты фæмардысты 25 милуан адæймагæй фылдæр, милуанты сæ цæрæнбынæттæй ралидзын бахъуыди. Мидхæсты аххосæй бæстæ æрцæуы экономикон къуырцдзæвæнмæ; Анголæ, Бирмæ æмæ Угандæ кæддæр уыдысты хорз фидæны бæстæтыл нымад.
Мидæг быцæуæн йæ тынгад, иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ, хъуамæ уа 1000 мард адæймаджы, цæмæй йæ «мидхæст» рахонæн уа, иннæ ахуыргæндтæ та бæлвырд кæнынц: æппынкъаддæр 100 адæймаджы хъуамæ амардтаиккой фæйнæ хæцæг фарсмæ. Æндæр критерий у 1000 мард адæймаджы мидхæсты иу азы дæргъы: уыцы критерий у, Суданы дыккаг мидхæсты цы милуангай адæм фæмардысты, уыдонæй æрмæст чысыл хай, фæлæ ахæм критеримæ гæсгæ мидхæстытæ нæ уыдысты нæдæр Цæгат Ирландийы быцæу, нæдæр Африкæйы Национ Конгрессы тох апартеиды ныхмæ.
1000 мард адæймаджы афæдзы дæргъы критеримæ гæсгæ, 1816 азæй 1997 азмæ дунейы цыдысты 213 мидхæсты, уыдонæй 104 1944-æм азы фæстæ. Нырыккон дунейы, 2007-æм азы уавæрмæ гæсгæ, мидхæстыты амæттаг сты 20 бæстæйы.
Лæппутæ фылдæр рæстæг скъолайы куы ахуыр кæнынц, адæмæн фылдæр æфтиæгтæ куы ис æмæ бæстæйæн экономикон рæзт куы и, уæд къаддæр кæны мидхæсты риск.
Мидхæсты цæвиттонтæ:
æмæ æндæртæ.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Мидхæст, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.