Мешхе́д (перс.
Цæрджыты нымæц — 2,5 милуан адæймагæй фылдæр (ацы нымæцмæ гæсгæ цæрæнран у бæстæйы дыккаг сахар). Сахар æмæ сахаргæрæтты иумæйаг фæзуат у 27000 квадратон километрæй фылдæр. Мешхед æрбынат кодта Ираны сæйраг сахар Тегеранæй 90 км æддæдæр. Сахармæ хæстæг ис хæхбæстæ Хезер-Дарре æмæ Гаре-Даг, денджызы æмвæзадæй 980 метрæй бæрзонддæр.
Сахар | |
Мешхед | |
---|---|
перс. مشهد | |
HGЯO | |
Паддзахад | Иран |
Остан | Хорасан-Резави |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 818 |
Фæзуат | 204 км² |
Центры бæрзæнд | 985 м |
Сахатон таг | UTC+3:30 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +98 513 |
mashhad.ir | |
| |
Викикъæбицы медиа |
Мешхед у шииттæн табуйаг сахар. Уым ис, Ираны пысылмæттæн уæлдай табуйаг чи у, уыцы Имам Резайы мавзолей. Æрвылаз Мешхедмæ æрцæуынц 20 милуан динбæлццон (паломник) æмæ туристмæ ’ввахс.
Мешхедæн йæ историйы дæргъы уыди ахсджиаг политикон, культурон æмæ динон артдзæсты нысаниуæг. 818-æм азы, Тусмæ хæстæг, Санабады хъæуы фæзиан шиитты 8-æм имам Али бен Муса ар-Рида (Ираны йæ хонынц — Имам Реза), халиф ал-Мамунæйы сиахс. Таурæгъмæ гæсгæ, марджы фæрцы йæ амардта Багдады тæккæ популярондæр халифтæй иуы, Харун Ар-Рашиды фырт. Резайы хъизæмайраг амарды бынат (араббагау — машхад) табуйаг у пысылмæттæн, уæлдайдæр шииттæн. Йæ мардæвæрæны бынаты цасдæр рæстæг фæстæ сарæзтæуыд Имам Резайы мавзолей. Фæстæдæр, сахар Тусы фехæлды дуджы, Синабады хъæу райдыдта рæзын æмæ стырдæр кæнын, æмæ фæстагмæ сси сахар Мешхед. Фыццаг хатт дзырд «машхад»-æй сахары номæн спайда кодта X æнусы географ ал-Мукаддаси. Араббаг бæлццон Ибн Баттутæ та XIV æнусы фыста «сахар Машхад ар-Рида»-йы тыххæй.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Мешхед, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.