Дунейы тыгъдад, космос (рагон грекъ.
κόσμος — «дуне», «Дун-Дуне») — Дун-Дунейы ахастонæй афтид фадгуытæ, кæдон сты уæларвон буарæгты атмосферæты арæнты ’дде. Арæх фембæлгæ хъуыдыйы ныхмæ зæгъæн ис, æмæ космос нæу бынтон афтид тыгъдад — ис дзы иуæй-иу хайгуыты тынг ныллæг мæстæгад (донгуыры, арæрхдæр), ноджы ма электромагнитон тынуагъд æмæ æхсæнстъалы буарад. «Космос» ныхасæн ис цалдæр нысаны. Хатгай космосыл нымад вæййы Зæххы æдде æгас тыгъдад.
Дырыс арæн ын нæй, уымæн æмæ атмосферæ тæнæгæй-тæнæгдæр кæны зæххы цъарæй дарддæргæнгæйæ, æмæ ныры онг иумæйаг хъуыды нæй, цы хуындæуа космосы райдианы фактор. Температурæ æнæивгæ куы уыдаит, уæд, экспоненциалон закъонмæ гæсгæ, æлхъывдад уæлденджыз ивдтаит 100 кПа-йæ нулмæ. Æхсæнадæмон авиацион федерацийæ, атмосферæ æмæ космосы ’хсæн кусæн арæнæн, æвзæрст æрцыди 100 км бæрзондад (Карманы хахх), уымæн æмæ ацы бæрзæнды, схæцæн аэродинамикон тых сæвзæрынæн, хъæуы, цæмæй тæхæн аппарат змæла фыццаг космосон тагъдадæй, цæй тыххæй сæфы авиатахты мидис.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Космос, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.