Хуссар Ирыстоны цæры 70 мин адæймаджы бæрц.
Уыдонæй æрдæгмæ ’ввахс цæрынц Цхинвалы.
Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдон апырх сты гас республикæйы зæххыл. Ирæтты фæстæ цæуынц гуырдзиæгтæ. Гуырдзиæгтæ ахсынц 20-30 процент, æмæ сæ фылдæр цæрынц Ленингоры районы, уæлдайдæр Чысангомы. Цæрынц ма Знауыры алыварс цалдæр хъæуы. Цалынмæ 2008-æм азы хæст не ’рцыдис, уæдмæ гуырдзиæгтæ цардысты ноджы цалдæр бынаты: Цхинвалæй цæгатæрдæм Итраписы онг, Чысыл Леуахийы комы цалдæр хъæуы æмæ Знауыры районы дыууæ хъæуы. Уыдон йеддæмæ Хуссар Ирыстоны цæрынц æндæр адæмтæ дæр, фæлæ сæ нымæц стыр нæу, æмæ фылдæр цæрынц Цхинвалы. Уыдонмæ хауынц уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр.
Хуссар Ирыстоны ис бирæ хъæутæ æмæ дыууæ сахары — Цхинвал (Чъреба) æмæ Къуайса.
Хуссар Ирыстоны фыццаг æвзаг у ирон, кæцы конституцимæ гæсгæ у паддзахадон æвзаг. Уый йеддæмæ ма уырыссаг æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Гуырдзиаг у официалон æрмæст гуырдзиæгтæ цы цæрæнрæтты æнгомæй цæрынц, уым.
Ирон æвзаг у Хуссар Ирыстоны сæйраг æвзаг. Республикæйы территорийыл тынгдæр рапарахат къуыдайраг ныхасыздæхт, уый йеддæмæ цæрджытæ дзурынц урстуаллаг æмæ чысайнаг ныхасыздæхтыл. Къуыдайраг ныхасыздæхты æндæр нæмттæ иртасæн литературæйы сты туаллаг, дзауаг æмæ къуыдар-дзауаг.
Ирон æвзаг ахуыр кæнынц скъолаты æмæ университеты. Фæлæ ахуырады сæйраг æвзаг нæу. Уымæ гæсгæ иуæй-иу зынгæ адæм зæгъынц, ирон æвзаг æфхæрд кæй цæуы, уый. Ныртæккæ цæуы «бирæвзагон (полилингвалон) ахуырадыл» эксперимент Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл, уыцы эксперимент æнтыстджын куы уа, уæд æндæр скъолаты дæр ног программæмæ гæсгæ ахуыр кæндзысты сывæллæттæ — уымæ гæсгæ фылдæр сахаты дæргъы скъоладзаутæ пайда кæндзысты ирон æвзагæй, стæй ног информаци дæр ахуыр кæндзысты бынæттон æмвæзæй райдайгæ глобалонмæ.
Ирон æвзагыл уагъд цæуы газет «Хурзæрин», кусынц паддзахадон телеуынынад, æмæ радио «ИР».
Ирон æвзаджы иртæстытæ цæуынц Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты.
Уырыссаг æвзаг Хуссар Ирыстоны у паддзахадон æвзаг. Падзаходон ссис 2011 азы сæрмагонд референдумы бындурыл. Уый размæ йын уыдис официалон статус. Уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыр æмæ иртæстытæ.
Гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнынц, гуырдзиаг цæрджытæ кæм цырынц æнгомæй, уыцы цæрæнрæтты (уæлдайдæр Знауыры районы æмæ Ленингоры районы скæсæны); республикæйы конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг уыцы æууæлты у официалон æвзæгтæй иу.
1990-æм азты агъоммæ Хуссар Ирыстоны бирæ цæрджытæ, уыимæ ирон адæмыхаттæй дæр, зыдтой гуырдзиагау. Уымæн йæ аххосæгты ’хсæн уыдис гуырдзиаг æвзаджы сæрмагонд статус Гуырдзыстоны ССР-йы, стæй ирæтты сгуырдзиаг кæныны мадзæлттæ дæр (куыд гуырдзиаг алфавиты ныффидар кæныны реформæ иронау фыссынæн 1939-æм азы). Фæстæдæр гуырдзиаг æвзагыл дзурджыты нымæц кодта къаддæр, уый тыххæй æмæ æрыгон фæлтæр нал ахуыр кæнынц уыцы æвзаг.
Хуссар Ирыстоны арæхдæр дин у православи æмæ бынæттон традицион уырнындзинæдтæ.
Кæс Алайнаг епархи дæр.
2006-2007 ахуыры азы Хуссар Ирыстоны уыд 1397 ахуыргæнæджы æмæ 5258 скъоладзауы.
Республикæйы ис 61 иумæйагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ, фаг сабитæ дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.