Мады Майрæм (Мадымайрæм дæр) чырыстон дины у Йесо Чырыстийы мад.
Ирон мифологийы у рагондæр дзуæрттæй иу.
Сылгоймаг ирон адæммæ кадджын уыд, ацы кувæндон у йæ номыл. Уæлдай зындгонд сты Рекомы Мады Майрæм, Зруджы Мады Майрæм, Мæздæджы Мады Майрæм.
Дзуары бынмæ-иу æрцыдысты æрыгон чызджытæ æмæ сылгоймæгтæ. Сæхи-иу уæлдай тынгдæр фæдзæхстой æнæцот сылгоймæгтæ, цæмæй цын цот радта. Дзуары бынмæ-иу æрбакодтой ног чындзы, куывтой-иу, цæмæй каркау уа бæдулджын, райгуыра йын авд лæппуйы æмæ иу чызг. Хастой ма-иу ноггуырд сывæллæтты.
Мады Майрæммæ ныр дæр кувынц тынг зæрдиагæй.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Мады Майрæм, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.