Къухдаранты æлдар (англ.
Къухдаранты æлдар нымайынц эпикон фэнтезийы жанры фыццаг романыл, ноджы ма йæ классикон уацмысыл.
Къухдарæнты æлдар | |
---|---|
англ. The Lord of the Rings | |
Жанр | эпикон фэнтези |
Автор | Дж. Р. Р. Толкин |
Оригиналы æвзаг | англисаг |
Фыццаг публикацийы датæ | 1954 |
Рауагъдад | George Allen & Unwin |
Раздæрон | Хоббит |
Фæдылдзог | Том Бомбадилы цаутæ |
Викикъæбицы медиа |
Къухдаранты æлдар — нымад у XX æнусы æппæт популярон æмæ номдзыддæр чиныгыл. Фæстæдæр чиныг ратæлмац кодтой бирæ æвзæгтæм. Стыр тæфаг радта куыд æппæт фэнтези литературæйæн æмæ кинематографæн афтæ дæр æппæтдунеон культурæйæн. Профессор Толкины куыстыты тæфагæй фæзындис ног æхсæнадон змæлд — толкинизм. Питер Джексоны чиныджы экранизаци дæр уыдис стыр æнтыст.
Толкин сæрысуангæй нæ хъавыд фыссын «Хоббиты» дарддæрдзу, фæлæ 1937-æм азы 15 ноябры Allen & Unwin-ы рауагъдады хицау сæ фембæлды рæстæг радта йын фадат æмæ конкретон æнхъарæн ног уацмысы рауагъды тыххæй.
«Хоббиты» дарддæрдзу райдыдта фыссын æмæ 1937-æм азы 16 декабры ног чиныджы фыццаг сæр ныридæгæн уыди фыст.
Автор йæ сæйраг нысаныл нымадта саразын ног англисаг эпос. Толкин, йæхæдæг, уыдис ахуыргонд филолог, фæцис Оксфорд. Хорз зыдта Цæгат Европæйы астæузаманы мифтæ: «Хервёры сагæ», «Вёльсунгты сагæ», «Беовульф» æмæ ’ндæр рагон гермайнаг, рагон англисаг, рагон скандинаваг æмæ англисаг астæузаман текстæ.
Толкин йæ фыстæджыты арæх амыдта йæ уацмысы сæйраг нысан уыди «æхсæнады фæткæвард сраст кæнын æмæ йæ рæсугъдзинад æмæ ’цæгдзинад рабæрæг кæнын» кæй уыди уый. Толкин уыди перфекционист æмæ уый тыххæй йæ куысты фæуыны хъуыддæгты тыххæй тагъд нæ кодта.
Йæ литературон куыст иу арæх ныууагъта, сæрмагондæй та йæ хъуыди йæ студенттæн бафæлварын («Хоббиты» фыццаг фразæ «In a hole in the ground there lived a Hobbit» дæр фыст æрцыди, йæ студентты экзаменацион куыстыл). Æнæхъæн 1943-æм аз, йæ текстыл нæ куыста, фæлæ йæ куыст адарддæр кодта 1944-æм азы апрелы мæйы. Йæ романы сæргæндтæ иу арæх æрвыста йæ фырт Кристоферæн, уыцы заман службæ кодта Африкæйы, англисаг уæлдæфон флоты æхсæн, æмæ йæ ’мбал Клайв Льюисæн. Уацмыс фыст æрцыди 1948-æм азы.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Къухдарæнты æлдар, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.