Болгайраг Æвзаг

Болгайраг æвзаг (български език, IPA ) у болгайраг адæмы мадæлон æвзаг.

Уый у хуссар къорды славяйнаг æвзаг. Дзурынц ыл 9 милуан адæймаджы (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — 11 милуанæй фылдæр).

Болгайраг æвзаг
Болгайраг Æвзаг
Хином български език
Бæстæтæ Болгари, Румыни, Серби, Македони, Грекъ, Турк, Молдави, Албани
Официалон статус

Болгайраг Æвзаг Болгари

Болгайраг Æвзаг ЕЦ
Уагдæттæг организаци Институт по български език към Българската академия на науките
Æдæппæт дзурджыты нымæц 9—11 млн
Рейтинг 88
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Фыссынад Кириллицæ (болгайраг алфавит)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 bg
ISO 639-2 bul
ISO 639-3 bul
ГОСТ 7.75–97 бол 115
WALS bul
Ethnologue bul
Linguasphere 53-AAA-hb
ABS ASCL 3502
IETF bg
Glottolog bulg1262
Болгайраг Æвзаг Википеди ацы æвзагыл

Болгарийы мидæг болгайраг æвзаг «бирæцентрон» æвзагыл нымад у — ис ын, дам, æртæ литературон формæйы: болгайраг, македойнаг æмæ банатаг. Сыхагон Македонийы сæхи æвзаг нымайынц хицæн æвзагыл, кæд æмæ болгайраг æвзагмæ тынг хæстæг у, уæддæр.

Алфавит

Болгари уыд кириллон алфавитæй фыццаг пайдагæнæг паддзахад. Рагондæр кириллон фыст болгайраг паддзах Самуилы бардзырдмæ гæсгæ конд у 993-æм азы, ссардтой йæ Македонийы XIX æнусы кæрон.

Болгайрагау фыстæуы кириллон алфавитæй, уырыссаг абетæйæ хъауджыдæр болгайраг алфавиты нæй дамгъæтæ Ё, Э, Ы (ома, алфавиты раст 30 дамгъæйы ис); дамгъæ Ъ та нысан кæны хъæлæсон мыр [ɤ], ирон /ы/-мæ хæстæг. Мæнæ уыцы алфавит æмæ йæ дамгъæты транскрипци:

А а
/a/
Б б
/b/
В в
/v/
Г г
/g/
Д д
/d/
Е е
/ɛ/
Ж ж
/ʒ/
З з
/z/
И и
/i/
Й й
/j/
К к
/k/
Л л
/l/
М м
/m/
Н н
/n/
О о
/ɔ/
П п
/p/
Р р
/r/
С с
/s/
Т т
/t/
У у
/u/
Ф ф
/f/
Х х
/h/
Ц ц
/ʦ/
Ч ч
/tʃ/
Ш ш
/ʃ/
Щ щ
/ʃt/
Ъ ъ
/ə/
- ь
/ʲ/
Ю ю
/ju/
Я я
/ja/

Болгайраг клавиатурæ уырыссаг клавиатурæйы æнгæс нæу, уый тыххæй æмæ æндæр принципмæ гæсгæ конд у (хъæлæсонтæ дзы сты галиуырдыгæй, æмхъæлæсонтæ та æппатæй — рахизырдыгæй):

Болгайраг Æвзаг 

Хицæндзинæдтæ

Болгайраг Æвзаг 
Рагон болгайраг æвзаджы дæнцæг, глаголицæйæ фыст. X-XI æнус

Болгайраг æвзаг иннæ славяйнаг æвзæгтæй цæмæй хицæн кæны:

  • хауæнты системæ дзы фесæфтис (гуырынон æмæ дæттынон хауæнтæ баззадысты æрмæст номивджыты);
  • фæзындис бæрæггæнæн артикль, фæсæфтуаны хуызæн бавæрдæуы дзырды кæрон: вълк «бирæгъ» — вълкът «бирæгъ (бæлвырд)», момиче «чызг» — момичето «чызг (бæлвырд)»;
  • баззадис мивдисæджы хъæздыг системæ.

Нырыккон болгайраг æвзаг лæууы адæмон æвзаджы бындурыл, стыр тæваг ын дардта аргъуаны славяйнаг æвзаг (рагон болгайраг дæр æй хонынц), стæй уырыссаг литературон æвзаг. Уый тыххæй болгайраг æвзаг, йæ лексикæмæ гæсгæ, уырыссаг æвзагмæ у хæрз хæстæг, кæд æмæ иу æвзæгты дæлкъорды не сты, уæддæр.

Кæд тюркаг дзырдтæ болгайраг æвзагæй барæй-иу аивтой, уæддæр дзы бирæ баззадис, уыимæ арæх дзырдтæ дæр (зæгъæм маса «фынг» у туркаг дзырд).

Фиппаинæгтæ


Tags:

IPAÆхсæнадæмон фонетикон алфавитБолгайраг адæмСлавяйнаг æвзæгтæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Сауды АраббХъазахаг адæмФыркъæдæнДæллаг ТагилСефардаг æвзагАдыгейКъодибынХъазахстан2023-æм азСæйраг фарс3 ноябры1989-æм азФранцаг æвзагКолорадоAndroidМусы мæлдзыгМиногонСаумæрон БурдзæбæхНигде (ил)Электрондых1875-æм азДжыккайты Шамил2022-æм азУгличИракЗагребЛатинаг æвзагНомдарЛиванМедицинæАризонæРеспубликæ КомиУкраинæДордрехтКилис (ил)ТæтæрстанОлоптаТæгæрФранцы регионтæХъазанТъепаMozilla Firefox10 февралыГуырдзыбеты Бласка4 февралыХъаныхъуаты БолаХъуылаты СозырыхъоГрекъЦоколатæФранцМус (ил)XXI æнус269-æм аз1851-æм азХæххон Бадахшаны автономон облæст1928Тæтæйраг тæгæрКитайДидинæг29 декабры6 февралыЖирондæСингапур1848-æм аз🡆 More