Кочысаты Мухарбег

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег (райгуырдис 1920-æм азы 1 майы Ольгинскæйы — амардис хæсты быдыры Украинæйы 1944-æм азы 17 апрелы) уыд ирон журналист æмæ поэт.

Кочысаты Мухарбег
Райгуырды датæ 1920-æм азы 1 майы(1920-05-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1944-æм азы 17 апрелы(1944-04-17) (23 азы)
Мæлæты бынат Ямполы цур, Винницæйы облæст
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Хорзæхтæ
Сырх Стъалыйы орден

Цардафыст

1938-æм азы Мухарбег хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци техникум. Уыцы аз бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Ам дæр ахуыр кодта хорз, иста Къостайы стипенди. Æнувыдæй архайдта институты ирон литературон къорды куысты.

Фæмард украинаг сахар Ямполь хъахъхъæнгæйæ. Æртындæс боны фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 24 азы.

Сфæлдыстад

Поэт Кочысаты Мухарбеджы сæйраг темæтæ уыдысты:

  • Поэт æмæ поэзийы темæ («Мæ фæндырмæ», «Къоста Херсоны»);
  • Интимон лирикæ («Æз федтон дæу, æмæ та ногæй», «Талынг æхсæв алыгъд», «Æз уарзын», «Бахсæв и», «Сау цæстытæ» æмæ æндæртæ);
  • Фыдыбæстæ æмæ патриотизмы темæ («Фыдыбæстæ», «Адæмы маст», «Фæстаг салам»);
  • Мады темæ («Хъæмæ», «Фыстæг мæ мадмæ»).

Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ («Фыдыбæстæ», «Фыстæг мæ мадмæ») систы цалдæр зарæджы бындур.

Литературæ

  • Джыккайты Шамил. Ирон литературæйы истори (1917—1956 азтæ). Дзæуджыхъæу: Ир, 2003. Ф. 353—358.
  • Кочысаты М.Г. Уацмыстæ. Чиныг сарæзта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Хъодзаты Æ. Орджоникидзе, «Ир», 1977. 119 ф.

Фиппаинæгтæ


Tags:

Кочысаты Мухарбег ЦардафыстКочысаты Мухарбег СфæлдыстадКочысаты Мухарбег ЛитературæКочысаты Мухарбег ФиппаинæгтæКочысаты Мухарбег1 майы17 апрелы1920-æм аз1944-æм азОльгинскæУкраинæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

1934МальдивтæСабыр фурдСмартфонРом3 ноябрыСоциалон амалхъомадЦоколатæ25 сентябрыАИШБавари269-æм азХасковойы облæст2022-æм азВикипедиГорна-ОряховицæЗгъæркуыстХорватиМанголы Адæмон РеспубликæОкаРеганАивадУацдин6 февралыЭукариоттæУзбекистан689-æм азФæрнион Къоста930-æм азInternet ExplorerИндийы фурдТуркуЗруггомTelegramХорватаг æвзаг1128-æм азХъазахстанМеккæ (провинци)Google ChromeРагон МысырЖирондæПамираг æвзæгтæ1965-æм азНджаменæСент-Питер-Порт1204-æм азСливницæВалютæТрирКилис (ил)МедицинæБухараЛужков, Юрий Михаилы фыртМус (ил)Яс-Надькун-Сольнок (медье)Нидерландаг æвзагМæцкъорШвейцариНарыкомЛимæСицили🡆 More