Георгий Димитров (болг.
Коммунистон Болгарийы уый уыд Ленинау аргъуыцаг. Йæ амæлæты фæстæ йæ марды буар бавæрдтой, сæрмагондæй уымæн кæй сарæзтой, уыцы мавзолейы.
Димитров Михаилы фырт Георгий | |
---|---|
болг. Георги Димитров Михайлов | |
1-æм БКП-йы ЦК-ы генералон секретарь | |
1948 азы 11 августы — 1949 азы 2 июлы | |
Фæстæдæр | Вылко Червенков |
1-æм Болгарийы Адæмон Республикæйы министрты советы сæрдар | |
1946 азы 23 ноябры — 1949 азы 2 июлы | |
Фæстæдæр | Васил Коларов |
Райгуырдис | 18 (30) июны 1882 |
Амардис | 1949-æм азы 2 июлы[…] (67 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Æмкъай | Любæ Ивошевич[d] |
Парти | БКП |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Æрмгусæджы фырт, 12-аздзыдæй скуыста типографийы (1894). 1901-æм азы сси мыхуыргæнджыты профцæдисы нымæрдар, 1902-æм азæй уыд Болгайраг кусджыты социал-демократон партийы уæнг, 1903-æм азæй — йæ большевикон хайы. 1913—1923 уыд болгайраг парламенты депутат. 1923 азы Болгарийы уый уыд Сентябры æдгæрзтæ растады разамонджыты ’хсæн. Растад куы нæ фæрæстмæ, уæд афтыд фæсарæнмæ, Болгарийы та йын фæсаууонмæ рахастæуыд амарыны тæрхон.
1933-æм азы Германы Димитровы фæзылын кодтой Рейхстаджы бæстыхайыл арт бандзарынæй. Уыциу аз йæ къухы бафтыд йæхи сраст кæнын, уый фæстæ та ацыдис Советон Цæдисмæ. 1937-45 азты — Советон Цæдисы Сæйраг Советы депутат.
Хæст куы фæцис, уæд раздæхт йæ бæстæмæ. 1946-æм азы ссис Министрты советы сæрдар æмæ йæ амæлæтмæ разамынд лæвæрдта бæстæйæн. Бæстæйы хицау куы уыдис, уæд кодта Советон Цæдисмæ хæстæг уæвыны политикæ. Уыимæ ма уыдис тынг æнувыд, хуссар-славяйнаг адæмты федераци скæныны (ома Югослави æмæ Болгари баиу кæныны) идейæйыл.
1990-æм азы Димитровы мард рахастой мавзолейæй æмæ йæ баныгæдтой. 1992-æм азы та Софияйы æхсæнадон совет бауынаффæ кодта, цæмæй Димитровы мавзолей хæлд æрцæуа — уый, дам, сахары архитектурæйæн æцæгæлон у, æмæ уый тыххæй.
Димитровы ном хæссынц æртæ бæстæйы æртæ сахары: Болгарийы Димитровград (ног сахар у), Сербийы Димитровград (кæддæры Цариброд) æмæ Уæрæсейы Димитровград Ульяновсчы облæсты (кæддæры Мелекесс). Дзæуджыхъæуы, республикæйы хицауады бæстыхайы фæстæ, 2010-æм азы ноябры онг лæууыдис Димитровы кадæн монумент — болгайраг сахар Кырджалийы лæвар; ис Димитровы номæн уынг дæр.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Димитров, Георгий Михаилы фырт, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.