Baisikeli Ugunduzi у коммерцион социалон амалиуæг, уæй кæны велосипедтæн бахъуаджы хæйттæ Дæлсахарæйы Африкæйы регионы Baisikeli Ugunduzi нысан кæны «ног кæнæ инновацион велосипедтæ» суахилаг æвзагыл.
Компанийы бындур æвæрд æрцыдис 2011 азы. Йæ иу бындурæвæрæг — Бен Митчел — у инженер, ныртæккæ ахуыр кæны Мичиганы технологиты университеты, зонæдты кандидаты къæпхæнмæ (PhD). Иннæ бындурæвæрæг у Джон Гершенсон, Мичиганы технологиты университеты профессор. Baisikeli Ugunduzi сæйраг къантор у сахар Киталейы (Кени). Нымад у социалон амалиуæгыл уый тыххæй æмæ базармæ равæры, ласæн велосипедтыл цы адæм архайынц (бодабода сæ хонынц), уыдоны цард фæхуыздæр кæнынæн товартæ.
Baisikeli Ugunduzi райста 100 мин доллæры фонд USAID-æй. Уый йеддæмæ компани бацахста фыццаг бынат Центрон Мичиганы университет цы ерыс арæзта, уый мидæг, æмæ дзы райста 30 мин доллæры æмæ 10 мин доллæры куыд «тæккæ хуыздæр социалон амалиуæг» (Best Social Venture)
Компанийы фыццаг продукт сси эластикон материалæй конд цалхы камерæ, схуыдтой йæ «Милеле» Милеле нысан кæны «æнустæм» суахилаг æвзагыл. Ацы камерæ у хъæбæр æмæ йæ бон нæу ахуынкъ уæвын. Уадзынц æртæ хъæбæрдзинады къæпхæны «милеле» камерæтæ.
Дæлсахарайы Африкæйы цæрынц, сæ арвылбоны мызд велосипедæй чи фæкусы, ахæм 5 милуан адæймагæй фылдæр. Уыдон иуæй-иу хатт сæ æфтиаджы цыппæрæм хай сафынц бахъуаджы хæйттæм, арæхдæр — камерæтæм. Традицион камерæйы аргъ у æртæ доллæрмæ ’ввæхс, «милелейы» аргъ та у дæс доллæры, фæлæ йæ бон у фондз азмæ цæуын.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Baisikeli Ugunduzi, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.