Уæрæсе Кубæмæ арвыста 22 тоннæйы гуманитарон æххуыс. Кубæйы медиктæ райсдзысты хъахъхъæнæг дарæс æмæ шприцтæ, æндæр дзауматы ’хсæн. Уфайæ Оренбургмæ фæндагыл æрцыдис авари 22 хæдтулгæйы хайадистæй. Иу адæймаг дзыхъмард фæцис, бирæтæ фæцæф сты. Ручъы тъунелы хуссарварс рацыд зӕй, миты бын фесты фондз уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны. Уыдонæй дыууæйы фервæзын кодтой, æртæ фæмардысты. Транскам тæссаг у зæйтæ рацæуынæй, æмæ уый тыххæй æхгæд æрцыдис. Хæххон районты ма уары мит. Чилийы ног президент Г. Борич Пакистаны хуссары Карачийы сахары банчы мидæг срæмыгъди æрдзон газы æртæдзæн, æппынкъаддæр 14 адæймаджы фæмардысты. Уæрæсейы астæуккаг скъолаты хæрæндонты ’хсæн конкурсы уæлахизгæнджытæй иу сси Æрыдоны 1-æм скъолайы хæрæндон. Еврозонæйы уæнгтæ Мæскуымæ ’ввахс фæндагыл цæугæйæ ссыгъди, Узбекистанæй рог хæдтулгæтæ чи ласта, ахæм уæзласæн машинæ. Ничи фæцæф, фæлæ æртæ хæдтулгæйы бынтон басыгъдысты. Сомих æмæ Турчы ’хсæн тагъд рæстæджы хæдтæхджытæ тæхын райдайдзысты, — уый тыххæй фехъусын кодта къуырисæры Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Чавушоглу. Бирæ азты дæргъы дыууæ паддзахады ’хсæн ницы бастдзинад уыдис. Турчы президент Реджеп Эрдоган загъта, социалон хызтæ, дам, демократийæн тынг тас сты, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ дзы сайæн ныхæстæ парахат кæнынц. Джулиан Асанж Лондоны апелляцион тæрхондон сразы и WikiLeaks-ы бындурæвæрæг Джулиан Ассанжы АИШ -мæ арвитыныл. Моргуаты Жаннæ баззади Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы сæргъы, йæ хæдивæгæй ма уыдзæн Хъуыдакаты Сосланбег. Сæ кандидатурæтæ сфидар кодтой сæйраг æвзарæн къамисы уæнгтæ КАМАЗ йæхицæй радих кодта ног акционерон æхсæнад «Кама», кæцы рог хæдтулгæтæ электрон змæлынгæнæгимæ уадздзæн. 2024-æм азмæ Уæрæсейы куыстуæттæ афæдз араздзысты 25 мин электромобилы. Олаф Шольц Олаф Шольц сси Германы ног канцлер Ангелæ Меркелы бæсты, Бундестаджы депутаттæй æртæ сæдæйæ фылдæр йæ кандидатурæйы ныхмæ уыдысты, афтæмæй. Женевæйы ацыдис Фæскавказы æдасдзинады тыххæй дискусситы 55-æм зылд, ныхас дзы цыдис регионы сабырдзинад хъахъхъæнын æмæ Тырсыгомæй рацæуæг ирæтты бартæ нæ халыны тыххæй. Мæскуыйы бирæфункционалон центртæй иуы 45-аздзыд хæстон пенсиисæг йæ дамбацæйæ æхсын байдыдта, маскæ дæхиуыл скæн, зæгъгæ, уымæн куы загътой, уæд. Цыппар адæймаджы фæцæф, дыууæ фæмард сты. Æхсæджы бауырæдтой. Мæскуыйы метрополитены æмрæстæджы скусын кодтой дæс ног станцæйы. Цхинвалы цæрæг йæ къæбицы ссардта гранатæ Ф-1. Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæ гранатæ сахары æдде срæмудзын кодтой. Айразмæ Хуссар Африкæйы Республикæйæ Мæскуымæ чи æрыздæхт, уыдоны ’хсæн фарастмæ тесттæ ног коронавирус рабæрæг кодтой. Кени Зæххы къорийыл Æппынкъаддæр 21 адæймаджы фæмардысты центрон Кенийы — чындзæхсæвмæ цы автобусæй цыдысты, уый хидæй донмæ ныххауди. Гурмæ ’ввæхс Зегдулетийы хъæуы цæрæг зæхкусджытæ рæстæгмæ сæхгæдтой фæндаг — уымæй се ’нæразыдзинад равдыстой, сæ хизæнуæттæ фæсарæйнаг инвестормæ кæй уæй кæнынц, уый тыххæй. Киевы 1969-æм азы гуырд цæрæджы зæрдæмæ нæ фæцыдис, йæ фатеры цы цалцæг скодтой, уый, æмæ цалцæггæнæджы йæ ливорæй фехста. Цæф адæймаджы аластой рынчындонмæ, æхсæджы та — пъæлицæмæ. Дзæуджыхъæуы зынгсирвæзт 48-æм скъолайы, арт аххуысын кодтой, эвакуаци бахъуыд 510 сывæллоны. Фиппаинæгтæ
This article uses material from the Wikipedia Иронау article 2021-æм азы декабрь , which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0") ; additional terms may apply (view authors ). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ . Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses. ®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.