Азербайджан

Азербайджа́н (азерб.

Azərbaycan) у паддзахад Фæскавказы, Къаспы денджызы былгæрон, кæддæры Советон Цæдисы республикæ. Йæ сæйраг сахар у Баку. Кæд географийы цæстæнгасæй Фæскавказ Азимæ хауы, Азербайджан йæхи европæйаг паддзахадыл нымайы (Сомих æмæ Гуырдзыстоны дæр афтæ кæнынц).

Азербайджаны Республикæ
Azərbaycan Respublikası
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Odlar Yurdu (Æртыты бæстæ)»
Гимн: «Azərbaycan Marşı!»
Азербайджан
Официалон æвзаг азербайджайнаг
Сæйраг сахар Баку
Стырдæр сахартæ Баку, Гандза, Нахичевань
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 86 600 км²
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 9 593 000 ад.
 • Æнгомад 109 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2011) 94,318 млрд. долл.
Валютæ манат
Интернет-домен .az
Код ISO AZ
ÆОК-ы код AZE
Телефонон код +994
Сахатон таг +4
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ Азербайджан сси пысылмон дунейы фыццаг паддзахад, кæцыйæн дин йæ бындурыл нæ уыд. Уый бацыд Сомих æмæ Гуырдзостонимæ цæдисон паддзахадмæ — Фæскавказы комиссариат, зæгъгæ — фæлæ дыууæ азы фæстæ республикæтæ ахицæн сты. Советон хицауад Фæскавказы куы ныффидар, азербайджайнаг зæххыты уыдысты Фæскавказы федеративон республикæйы сконды 1936-æм азы онг. 1936-æм азæй 1991-æм азы онг Азербайджан уыд фынддæс советон республикæйæ иу.

Азербайджан у Хæдбар Паддзахæдты Æмбалады уæнг 1993-æм азæй. Уый у Европæйы советы уæнг 2001-æм азæй. Кæд бæстæйы уагдæттæ демократон хуызы сты, Азербайджан нымад у авторитарон паддзахадыл.

Цæрджытæ

Бæстæйы цæрджытæй фылдæр хай сты азербайджайнæгтæ (90 процентæй фылдæр), кæцытæ дзурынц азербайджайнаг æвзагыл. 2009-æм азы Азербайджаны цæрджыты сфыстмæ гæсгæ, бæстæйы цæрынц 8 922 447 адæймаджы, 2010-æм азмæ уыцы нымæц хъуамæ байрæзтаид 9 милуанмæ. 2019-æм азы 6 апрелы Азербайджаны статистикæйы паддзахадон комитет фехъусын кодта, бæстæйы дæс милуанæм цæрæг кæй райгуырдис, уый тыххæй.

Сахарты цæрынц Азербайджаны цæрджытæй 52,8 %, хъæуты та — 47,2 %.

Азербайджаны уырнджыты фылдæр хай сты шиитаг пысылмæттæ.

Экономикæ

Азербайджан 
Лагич, туристтæ цы цæрæнрæттæ уарзынц, ахæмтæй иу

Азербайджаны паддзахадон валютæ хуыйны манат.

Азербайджан хъæздыг у нефты гуырæнтæй. Нефт канд къахгæ нæ кæнынц, фæлæ ма уымæй исынц æндæр буаргъæдтæ дæр бынæттон химион индустрийы фæрцы. Нефт ахсы Азербайджаны экспорты 60%, нефты продукттæ та — 24 %. Къахынц ма сызгъæрин æмæ æрдзон газ дæр.

Азербайджаны хъæууон хæдзарад зæйын кæны бæмбæг, тамако, цай, алыхуызон дыргътæ.

Тагъд рæзы Азербайджаны туризмы къабаз дæр, коронавирусы пандемийы агъоммæ-иу бæстæмæ æрцыдысты милуанæй фылдæр туристтæ алы афæдз дæр.

Административон дих

Азербайджан 
Азербайджаны районтæ

Азербайджан дих кæны 66 районыл (азерб. rayonlar), 11 республикæйы дæлбарады сахарыл (азерб. şəhərlər) æмæ 1 автономон республикæйыл (азерб. muxtar respublika) — Нахичеваны Автономон Республикæ.

Республикæйы дæлбарады сахартæ

Фиппаинæгтæ


Tags:

Азербайджан ЦæрджытæАзербайджан ЭкономикæАзербайджан Административон дихАзербайджан ФиппаинæгтæАзербайджанАзербайджайнаг æвзагАзиБакуГеографиГуырдзыстонЕвропæКъаспы денджызСоветон ЦæдисСомихФæскавказ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

МалайзиУастырджиКарачиМæликкБялæ (Варнæйы облæст)РостъомДыккаг дунеон хæстФарго (Цæгат Дакотæ)ХуыСабæлутГуйлиньКошицеИрон æвзагПалау8 февралыАвстриФыдрохгæнæн цъæх дурПапуæ — Ног ГвинейХуссар Ирыстоны гимнКонгойы Демократон РеспубликæGoogle ChromeБахрейнЦæцæйнаг адæмВашингтон (штат)МиногонИугонд Нациты ОрганизациЛандсхутГвинейПуштуКитайы РеспубликæПраяЕлизаветæ IIСтаффордширПиллонгом7 июлыАминонЧосер, Джефри1 январыАгуырды системæЧиндзиГæдиаты ЦомахъОксфордХъæддаг уырыдзыОлолиГородовиковскЕлхотИмеретæгтæФлоридæАмыранСпамЗных (зокъо)Людвигсхафен-ам-Райн2023-æм азГуанчжоуТамилаг æвзагИрыстонБагдадМанголАнглисаг æвзаг28 февралыТохъатАляскæГрекъаг æвзагИндаурАстрономиСингапурВахтанг I ГоргасалиХуссар ИрыстонНузал14 январыНасБырæгъФучжоуСæйраг фарсМатематикæ🡆 More