Севанаванк (сом.
IX æнусы размæ моладзандон арæзтæуыд дыууæ аргъуанæй: гыццыл Сыгъдæг Карапеты аргъуан æмæ уæрæх Сыгъдæг Арутюны (Зæрдæвæрæны аргъуан). Уыдон самадта 305-æм азы муртат дзуары бынаты Горигор Лусаворчи. Ашот Багратунийы хицауиуæджы заманы æмæ йæ фæстæ, 200 æзты дæргъ Баргратуниты рæстæджы нысангонд уыд экономикæйы мæ культурæйы рæзт, райдыдтой аргъуантæ 'мæ моладзондæттæ амайын, се ’хсæн Севанаванк дæр. VIII æнусы кæроны сакъадах Севаны æрбынат кодтой цалдæр моладзаны, уыдон самадтой уым сæ кельятæ 'мæ аргъуангонд. Сакъадах хорз бынаты кæй уæвы, уый руаджы моладзанты бæрц фæфылдæр, райдыдта моладзандоны активон арæзтад. Моладзантæ самадтой æртæ аргъуаны, цæрæнбынæттæ æмæ хæдзарадон агъуысттæ.
Моладзандонæн бындур æрæвæдта принцессæ Мириам 874-æм азы — Ашот I Багратуни чызг æмæ йæ кънйаз Гегаркуникы Васак Габуры æмкъай. Цыдæр рæстæг дзы цард Сомихы паддзах Ашот II Æфсæйнаг. Моладзандоны къулты цур тох кодта араббаг хæстонтимæ, Севаны былмæ куы бацыдысты, уæд. Севаны хæсты хайад истой Севанаванкайы моладзантæ дæр.
XVI—XVII æнусты моладзандоны къултæ фехæлдтой, 1930-æм азы та сакъадахæй ацыд фæстаг моладзан. Абон моладзандон ногæй кусы, уыймæй уæлдай ма дзы ис семинар Вазген I номыл.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Севанаванк, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.