Ног Зæхх

Ног Зæхх (уырыс.

У Уæрæсейы Федерацийы Архангельсчы облæсты хай.

Ног Зæхх
уырыс. Новая Земля
Ног Зæхх
Характеристикæ
Сакъадæхты нымæц> 200 
Иумæйаг фæзуат83 000 км²
Бæрзонддæр цъупп1547 м
Цæрджытæ3576 ад. (2021)
Æнгомад0,04 ад./км²
Ран
HGЯO
АкваториБаренцы денджыз, Карæйы денджыз
Бæстæ
Уæрæсе
Ног Зæхх
Ног Зæхх
Цæгат Ихджын фурд
Ног Зæхх
Ног Зæхх
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сакъадæхты къорды ис бирæ чысыл сакъадахы æмæ дыууæ егъау сакъадахы: Хуссар æмæ Цæгат, уыдоны ’хсæн та нарæг (2—3 км) донкъубал Маточкин Шар. Геологийы цæстæнгæсæй сакъадæхтæ сты Уралы хæхтæн сæ дарддæрдзу.

Ног Зæххы дæргъ хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ у 925 км. Æппæт сакъадæхты фæзуат у 83 000 км²-æй фылдæр. Цæгат сакъадахы стырдæр уæрх у 123 км, Хуссар сакъадахы та — 143 км.

Хуссары Ног Зæхх хицæн кæны сакъадах Вайгачæй уæрæх донкъубал Карæйы Кулдуарæй.

Бæстыхъæд

Бæстыхъæд у карз, арктикон. Æппæты хъармдæр мæй (август) хуссары астæуккаг температурæ у +6,5°С, цæгаты та — +2,5°С. Зымæг вæййы тынг карз æмæ дæргъвæтин.

Цæрджытæ

Бынæттон цæрджытæй ам цæрынц æрмæст неннæгтæ. Сæ нымæц у 100 адæймаджы бæрц. Цæрынц цуан кæнынæй.

Ам ма ис, полигоны чи кусы, ахæм æртæ мин уæрæсейаг æфсæддоны.

Полигон

1954-æм азы 17 сентябры Ног Зæххы байгом аппон полигон. Полигоны ис æртæ быдыры:

  • Сау Бакæлæн (уырыс. Чёрная Губа) (70,7° ц. 54,6° с.) — пайда дзы кодтой 19551962.
  • Маточкин Шар (73,4° ц. 54,9° с.) — дæлзæхх фæлварæнтæ 19641990
  • Хус Фындз (уырыс. Сухой Нос) (73,7° ц. 54,0° с.) — 19571962.

1955-æм азы 21 сентябры райдайгæ 1990-æм азы 24 октябры онг ам срæмыгъд 135 аппон ифтыгъды, уыдонæй 42 дæлзæхх, 87 уæлдæфы, 2 денджызы уæлцъар, 3 денджызы дæлцъар.

1963-æм азы августы Советон Цæдис æмæ АИШ бафыстой бадзырд, кæцымæ гæсгæ нал рамыгътой аппон бомбæтæ атмосферæ, космос æмæ денджызы. Дæлзæххон фæлварæнтæ цыдысты 1990-æм азы онг (уæд фехъуысын кодтой аппон фæлварæнты мораторий). Кæд аппон бомбæтæ ам нал фæлварынц, уæддæр полигон кусы.

Æддаг æрмæг

Tags:

Ног Зæхх БæстыхъæдНог Зæхх ЦæрджытæНог Зæхх ПолигонНог Зæхх Æддаг æрмæгНог ЗæххАрхангельсчы облæстБаренцы денджызКарæйы денджызСакъадахУæрæсеУырыссаг æвзагЦæгат Ихджын фурд

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Агуырды системæСент-Винсент æмæ ГренадинтæХърупс (хъæу)Саратовы облæст1657-æм аз1989-æм аз1834-æм азАргентинæКæфхъуындарХафиз ШиразиКæлухАнглисаг æвзагМолдави23 январыБратиславæАвстриХъниАдыгъеAsarumКоммунæ (Франц)Нарьян-МарХъазахстанНомдар1995-æм азФæсбайкалы крайФранцЭдинбургУæрæсейы Хъæбатырты номхыгъд (Хуссар Ирыстон)АмазонкæДу Фуppd6xКалининскæйПаровозВустерширÆрдзМалавиЛондонДзывылдарТанзаниХъуыранНикоси536-æм азОснабрюкÆрфæныфæд1936УрсХъыргъызаг æвзагАтоциЭритрейГдыняЦымЦхета-МтианетУæрæсейы империИранСмолянЧерниговы облæст1649-æм аз917-æм азНикколаУырыссаг æвзагКурдаг æвзæгтæАчех (провинци)ТеладжынЛаос22 октябрыКуасаталУрумчиИронКалмАнтропологи24 февралы🡆 More