Тедеты Къостайы фырт Рюрик (Скифирон) (1938–1991) у зындгонд ирон поэт, фыссæг æмæ ахуыргонд.
Тедеты Рюрик | |
---|---|
Фæсномыгтæ | Скифирон |
Райгуырды датæ | 1938-æм азы 16 июлы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1991-æм азы 1 майы (52 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, фыссæг |
Райгуырдис Хуссар Ирыстоны Къуылыхты хъæуы. Каст фæци Хъорнисы астæуккаг скъола, Кæсæг-Балхъары паддзахадон университеты историон-филологон факультет æмæ Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæ. Куыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæгат Ирыстоны районты газетты, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады референтæй, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуры пединститутты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы ахуыргæнæгæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы редакторæй, Хуссар-Ирыстоны зонадон-иртасæг институты хистæр зонадон кусæгæй. Скифирон уыди иудадзыг агурыны, сгарыны фæндагыл лæуд. Уыцы миниуæг æм уыд сæрысуангæй йæ царды фæстаг бонтæм .
Скифироны æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Уадындз» рацыди 1965-æм азы Цхинвалы. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма фыста уацаутæ, радзырдтæ, критикон уацтæ. У дыууæтомон стыр куыст «Коста в жизни»-йы автор. Фыццаг том рацыди 1984-æм азы Цхинвалы, дыккаг та — 1989-æм азы, уый дæр Цхинвалы.
Йæ поэтикон чингуыты сæйрагдæртæ сты «Лирикæ» (Цхинвал, 1973), «Лирикæ-2» (Цхинвал, 1980).
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Тедеты Рюрик, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.