Никола́й Я́ковы фырт Марр (гуырдз.
Революцийы фæстæ тынг зындгонд сси, цы «æвзаджы тыххæй ног теори» (яфетаг теори) сарæзта, уый тыххæй. Марры ахуыргæнинæгтыл нымад цæуыны иранист Абайты Васо æмæ Эрмитажы директор Борис Пиотровский.
Николай Яковы фырт Марр | |
---|---|
гуырдз. ნიკოლოზ მარი | |
Райгуырды датæ | 25 декабры 1864 (6 январы 1865) кæнæ 1865-æм азы 6 январы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1934-æм азы 20 декабры[…] (69 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | скæсæнзонæн, истори, археологи, этнографи |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Виктор Романович Розен[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Борис Борисович Пиотровский[d], Анатолий Генко, Иванэ Джавахишвили, Мещанинов, Иван Иванович[d], Иосиф Орбели[d], Акакий Шанидзе, Абайты Васо, Боровков, Александр Константинович[d], Гельгардт, Роман Робертович[d], Кацнельсон, Соломон Давидович[d], Федот Петрович Филин[d], Фрейденберг, Ольга Михайловна[d], Якобсон, Анатолий Леопольдович[d] æмæ Мальсагов, Заурбек Куразович[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Николай Марр райгуырдис зæронд шотландаг Яков Марр (Jacob/James Murray) æмæ гуырдзиаг Агафья Магулариайы хæдзары, афтæмæй йæ мадæлон æвзаг уыд гуырдзиаг, фæстæдæр сахуыр кодта иннæ цалдæр æвзаджы. Каст фæци Кутаисы гимназ æмæ ацыдис Бетъырбухмæ, цыран цардис йæ амæлæты бонмæ.
Бетъырбухы университеты ахуыр кодта Скæсæны факультеты æппæт хæйæдты дæр уыцы-иу рæстæг, 1888-æм азы каст фæцис университет æмæ тагъд рæстæджы сси зындгонддæр уæрæсейаг скæсæнзонджытæй иу.
Марр стыр бавæрæн скодта Гуырдзыстон æмæ Сомихы историмæ, археологимæ, этнографимæ. Мыхуырмæ бацæттæ кодта бирæ рагон тексттæ æмæ фыстытæ, археологон къæхтытæ кодта Кавказы рагон сахартæ æмæ моладзандонты, уæлдæйдæр рагон Анийы сахары. Цы иртæстытæ кодта уыцы рæстæг, уый ныры онг ахсджиаг сты æмæ уыдоныл гуырысхо никуы ничи кодта. 1902-æм азы Иерусалимы Марр ссардта Георгий Мерчулийы чиныг «Григорий Хандзтелийы цардафыст». Марр бирæ куыста æрыгон ахуыргæндтимæ, бацæттæ кодта къорд сомихаг æмæ гуырдзиаг скæсæнзонджыты: уыдоны ’хсæн И. А. Джавахишвили, И. А. Орбели, А. А. Калантар, А. Г. Шанидзе.
Уæлдай цытджын Марры ном сси Сомихы, уымæн ис политикон аххосаг дæр — Марры хъуыдымæ гæсгæ Гуырдзыстон хæдбар хъуамæ ма уа, фæлæ Фæскавказы иумæйаг республикæйы сконды, афтæ Тбилисы университет дæр хъуамæ алы Кавказæн дæр уа зонæдты артдзæст. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Сомихы Марры «æвзаджы тыххæй ног ахуыр» нымады нæ уыд, уымæй фылдæр — Марры карздæр критикты ’хсæн уыдысты гуырдзиаг А. С. Чикобава æмæ сомихаг Г. А. Капанцян.
Бетъырбухы Скæсæны факультеты Марр сси профессор (1902) æмæ æвзæрст декан (1911).
1908-æм азы джыппæй рауагъта рагон сомихаг æвзаджы (грабары) грамматикæ, 1910-æм азы та — лазаг æвзаджы грамматикæ æд хрестомати, ацы чингуытæ специалистты зæрдæмæ фæцыдысты.
Йæ архайды райдианæй Марр цымыдис кодта æвзæгты ’хсæн цы бастдзинад ис, ууыл. Уый рæгъмæ рахаста картвелаг æмæ семитаг æвзæгты ’хсæн иудзинады тыххæй гипотезæ (1908). Уымæй райдыдта йæ «яфетаг теори» (библейаг Нойы фырт Иафеты номæй).
Йæ теориты рæдыдтытæм æндæр лингвисттæ куы амыдтой, уæд Марр-иу мæсты кодта æмæ фæстæдæр уый сфæнд кодта æппæт æвзагзонынады системæ баивын ног принциптыл. Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ æвзаг иртасыны ахсджиагдæр у типологи æмæ социолингвистикæ.
1928-æм азæй Марр йæ яфетаг теори хæстæгдæр кæнын байдыдта марксизммæ. Традицион индоевропеистикæ схуыдта буржуазон зонад. Сси коммунистты партийы уæнг.
Марр куы амардис, йæ баныгæныны бон сахары нæ куыстой скъолатæ, мысæн мадзæлттæ уыдысты Кировы ныгæндимæ æмиас.
Марры амæлæтæй 15 азы фæстæ, 1950-æм азы, йæ ахуыр ныддарæн кодта Иосиф Сталин йæхæдæг йæ уац «Марксизмы тыххæй æвзагзонынады», æмæ уымæй советон æвзагзонынад раздæхтис дунейы зонад цы фæндагыл цыдис, уымæн. Сталины ныхæстæм гæсгæ «Марры æцæгæй дæр фæндыдис марксист суын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд».
1956-æм азы фæстæ Марры иннæ æнтыстытæ базыдтой. Йæ кавказзонæн уацмыстæ ма ахсджиаг сты, стæй цы иртæстытæ сразæнгард кодта (уæлдайдæр Кавказы æвзæгты тыххæй), уый дæр зонадæн фæпайда уыдис.
Бетъырбухы, Марр цы хæдзары цардис, уый къулыл 1949-æм азы сæвæрдтой номарæн фæйнæг: «Ам цардис академик Николай Яковы фырт Марр, зындгонд археолог æмæ кавказзонæг» (архитектор Р. И. Каплан-Ингель).
Марры ном хæссынц уынгтæ Тбилисы (Нико Мари), Сухумы æмæ Ереваны.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Марр, Николай Яковы фырт, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.