Къухамындтыты Æвзаг

Къухамындтыты æвзаг кæнæ Жестты æвзаг у, къуырма адæм цы ’взагæй пайда кæнынц, уый.

Зæлты æвзæгты хуызæн, къухамындтыты æвзаджы дæр ис, хицæн нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм чысылдæр элементтæ (фонемæты хуызæн сæ схуыдтой херемæтæ, бердзенаг дзырдæй χείρ «арм»). Уыцы элементты ’хсæн канд къухамындтытæ (жесттæ) не сты, фæлæ цæсгомы æнгас дæр и.

Францаг къухамындтыты æвзаджы демостраци, мивдисæг «фæрсын». Фразæтæ «Фæрсын дæ», «Фæрсыс мæ», «Фæрсы сæ».
Preservation of the Sign Language (1913)

Къухамындтыты æвзæгтæ зæлты æвзæгтимæ баст не сты. Зæгъæм, Герман æмæ Австрийы дзурынц иумæйаг немыцаг æвзагыл, фæлæ дзы ис дыууæ фæйнæхуызон къухамындтыты æвзаджы. Уыимæ уырыссаг къухамындтыты æвзаг францаг æмæ америкаг къухамындтыты æвзæгтæм хæстæг у, ис сæм иумæйаг уидаг — аббат де л’Эпейы (Abbé de l’Epée) къухамындтыты системæ.

Къухамындтыты æвзæгтæ къуырма сывæлæттæн ахуыр кæнынц сæрмагонд ахуыргæндæтты. Къуырма адæймаг, æндæр къуырматимæ куы нæ дзуры, уæд, гæнæн ис, æмæ бынтон æгомыг байрæзы. Уый тыххæй ахæм адæймæгтæн тынг ахсджиаг у, сæ хуызæн зонгæтæ сæм куыд уой æмæ сæхицæн сæрмагонд ахуырад куыд райсой, уый.

XX æнусы Сандинистты революцийы фæстæ Никарагуæйы цалдæр азы дæргъы фæзынд æмæ стыхджын ног къухамындтыты æвзаг — Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг. Уый иртасынц дунейы лингвисттæ, æвзаг куыд фæзыны, уый базонынæн.


Tags:

Бердзенаг æвзагФонемæХеремæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

БогородскГалуанты ЛюдмилæСергачМайамиУханьЯпойнаг æвзаг1195-æм азЛевочæАстраханы облæстДидинæгджын зайæгойтæЯвæКитайСократ1786-æм азТираннозаврСакъадах УайтУæллаг ВьеннæКомиСиэтлБукиттингиХайдарабад (сахар, Инди)АмерикæДаляньКартоф1905-æм азСанскрит1980-æм азБолгари409-æм азИталиаг адæмУазал хæстСириАрубæЗагребДисней, УолтЦæгат Марианæйы сакъадæхтæ2023-æм азСпассчы район (Рязаны облæст)Сæн1424-æм азБастиАдыгейФранцВенæКитайаг адæмЛитоваг æвзагАраббаг æвзагСьеррæ-ЛеонеДрезденКуритибæ16 январыВайомингЛьейдæКалифорниКулебакиАтлантæКораблинойы районХилджытæВолгоградУкраинæБрестТырыса1966-æм азЦæгат КорейБакуйы метрополитенКрасногорск247-æм азКраснодарЛатинаг АмерикæГосфорд🡆 More