Кæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн

Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæн у Кæсæг-Балхъары уæвæг паддзахадон æрдзæвæрæн.

Бачындæуыди 1976-æм азы январы. Йæ фæзуат хæццæ кæны 82649 гектармæ. Хъаггæнæн зонæйы фæзуат — 26000 гектары.

Кæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн
Дзæбидыртæ Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны

Уæлцъар

Æрдзæвæрæн хауы Стыр Кавказы уæлхох зонæмæ. Йæ тæккæ бæрзонддæр ран — хох Дыхтау (5204 м.), тæккæ ныллæгдæр та денджызы æмвæзæй 1800 метрæй уæлдæр у.

Стыр хох ам рауайы хъуыстгонд «Безенгийы сисы хуызы», ацы «сисы» хыццынц ахæм цъуппытæ; Гестолæ (4859 м.), Катынтау (4858,8 м.), Джангитау (5058 м.), Скæсæйнаг Джангитау (5033 м.) æмæ Шхарæ (5068 м.).

Æрдзæвæрæны тæккæ бæрзонддæр ран, Дыхтау, стæй Коштантау кæм сты, уыцы Фæрсаг рагъ конд у æртæ къабазæй — æртæ дæр цæугæдæттæй гæрст, уыдон сты Чегем, Безенгийы Цæрæк æмæ Балхъары Цæрæк.

Кæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн 
Æрдзæвæрæн, Семёновскийы цъуппæй конд къам. Галиуырдыгæй тæккæ бæрзонддæр цъупп у Джангитау (5059 м)

Ныгуылæйнаг къабаз хуыйны Каргашилы рагъ, амы цъуппытæ сты Салынгантау (4510 м.), Тютюргю (4242 м.) æмæ æндæртæ. Фæрсаг рагъы скæсæйнаг къабаз Цæрæчы донуат дих кæны дыууæ хайыл; Безенгийаг æмæ Балхъайрагыл. Сæйраг цъуппытæ ам, Дыхтау æмæ Коштантау йеддæмæ, сты Пушкины цъупп (5047 м), Мусостау (4421 м.) æмæ Мижирги (4928 м.).

Балхъары Цæрæк æмæ Æрæфы ’хсæн массив хуыйны Сугъаны Альпæтæ. Хох Сугъанæй ам рацæуы цалдæр къабузы, сæ цъуппытæ Гюльчи (4477 м.), Сабалах (3616 м.) æмæ æндæртæ.

Æрдзæвæрæны уæлъцар гæрдынц 256 цъитийы. Уыдонæй 194 сæ фæзуат аххæссыд 10 гектарæй фылдæр. Æдзард нивалон роны фæзуат у 45.502 гектары, кæнæ æрдзæвæрæны 60.7%.

Гидрологи

Ацы территори айгæрстой бирæ цæугæдæттæ, сæ бирæйы аххосаг — дзадджын ратæдзæнтæ, æнæнымæц цъититæ. Тæккæ егъаудæр дæттæ: Чегем, Безенгийы Цæрæк, Псыгансу, Хæзныдон . Бынаты ис цалдæр суары.

Флорæ æмæ фаунæ

Регистрацигонд хуызты нымæц: уæлдæр зайæгойтæ — 1200, кæсæгтæ — 1, донзæххонтæ — 1, хæлæгтæ — 3, мæргътæ — 128, æхсырæйхæссджытæ — 29.

Æрдзæвæрæны æдзух цæрынц: кавказаг дзæбидыр, хуымæтæджы рувас, хъæддагхуы, хъæддаг куыдз, бур арс, кавказаг хъæддаг гæды, хуымæтæджы стай, дурын æмæ хъæддаг сæлавыр, мыстулæг, хуымæтæджы æхсæрсæттæг, бурхил тæрхъус, тинуыры, морæдæндагонтæ, хæлынбыттыртæ. Дзырдæуы æмæ уыдысты фембæлдтытæ кавказаг фæранкимæ. Мæргътæй æмбæлынц стæмуæвæгтæ: дурдзæргæс, саухолыхор, саудзæргæс, урссæрхолыхор, могильник, сапсан, сырхбазыр къулылылхил, кавказаг саугарк, зым.

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ

Tags:

Кæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн УæлцъарКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн ГидрологиКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн Флорæ æмæ фаунæКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн Кæс ноджыКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн ФиппаинæгтæКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн ÆрвитæнтæКæсæг-Балхъары Уæлхох Æрдзæвæрæн1976-æм азÆрдзæвæрæнКæсæг-Балхъар

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Фадзайты МаратÆхсæнадæмон фонетикон алфавит2010-тæЛа-БокæСириМах, ЯрославУызынНАТОКолумбиТутаШилово (Рязаны облæст)2000-тæТæхранАмерикæйы Иугонд ШтаттæИранАквитаниХърупс (хъæу)Ирон æвзагКæркхуызтæЦæссыгты фæндагКютахья (ил)УльмЧехиЭльбасанГду24 февралыХордæджынтæНевшехир (ил)22 январыКейптаунСьюдад-дель-ЭстеХъниКадимагомедов, Магомедхабиб Зайнудины фыртМузыкæ22 октябрыКавказЦхета-Мтианет1657-æм азЛеонкавалло, РуджероХопаБæхысæфтæгХуымæтæджы базилик1770-тæ1998-æм азЛавсониСискУæрæсейы империppd6xЗаза ДжугашвилиДоллæр (АИШ)536-æм азУазал хæстИвритЯкутиПушкин, Александр Сергейы фыртЛаосФæсæфтуанВиченцæАллахСумыйы облæст🡆 More