Деххода, Али Акбар

Али Акбар Деххода (перс.

Ныффыста, милуан дзырдмæ ’ввахс кæм ис (æдæппæтæй 15 томы), персайнаг æвзаджы ахæм дзырдуат. У æмбисæндты чиныг саразæг (т. 1–4; рацыди 1929–1931 азты).

Али Акбар Деххода
перс. علی‌اکبر دهخدا
Деххода, Али Акбар
Райгуырды датæ 1879
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1959-æм азы 9 мартъийы(1959-03-09)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз æвзагзонынад
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн зонæдты доктор[d]
Ахуыргæнинæгтæ Jafar Shahidi[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цард æмæ æхсæнадон-политикон архайды афыст

Райгуырдис сахар Казвинæй рацæуæг бинонты. Йæ фыд фæзиан, лæппуйыл 10 азы куы цыди, уæд. Деххода каст фæци колледж политологийы дæсныйадыл. Уым уæлдай æнтыстджынæй йæхи равдыста æвзæгтæ зоныны.

Активонæй архайдта политикон хъуыддæгты, уыди Меджлисы Тегеран æмæ Керманæй депутат Меджлисы. Фæстæдæр куыста Тегераны университеты цур Юридикон скъолайы сæргълæууæгæй. 1903-æм азы Деххода араст ис Балкантæм ирайнаг минæварады кусæгæй, фæлæ дыууæ азы фæстæ рацыди фæстæмæ Иранмæ æмæ бацархайдта Ираны конституцион революцийы.

1906-æм азы Деххода М. Дж. Ширази æмæ М. К. Тебризиимæ уагъта сатирикон журнал «Эсрафилы хæтæл». Уым фæсномыгæй мыхуыр кодта, фельетонтæ (ацы жанр уыди ног персайнаг литературæйы), сæ иумæйаг сæргонд уыди «Арвистон» («Всякая всячина»). Стæй ма журналы фыста, æнæраст æмæ æнæзакъондзинады ныхмæ арæзт чи уыди, ахæм сатирикон радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ.

Ираны Деххода æмæ йæ тохæмбæлттæ Мирза Джахангир Хан æмæ Гасем Хан дыууæ азы дæргъы мæхуыры уагътой хи газет, цалынмæ йæ сих Мохаммад Али-сах нæ сæхгæдта, уæдмæ. Дехходайы бахъуыди йæ сæр бафснайын Европæйы. Уым уæвгæйæ уый дарддæр фыста йæ уацтæ. Фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм раздæхти 1911-æм азы, Али-сахы куы раппæрстой, уæд. Уыцы аз Деххода сси Меджлисы депутат.

Йæ публицистон æмæ политикон архайды уæлдай ма Деххода йæхицæн скодта ном францаг æвзагæй литературон тæлмацты фæрцы. Уыдоны ’хсæн Монтескьейы чиныг «Закъæтты моны тыххæй» («De l'esprit des lois») дæр.

Деххода 1933-æм азæй уыди Тæхраны профессор. 40-æм азты райдианы та сси Ираны æвзаг æмæ литературæйы академийы уæнг.

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ

Tags:

ИранПерсайнаг æвзагТæхран

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

ТигрХоламПушту2015БлогСатанейГернсиОкуджава, Шалвы фырт БулатКъора (Куырттаты ком)Социалон информацийы агентадШпицберген6 мартъийыБибылты Анатолий20121 майыСтайИль-де-ФрансAndroid StudioГæбæраты НикъалаБæрзхуызтæДонайы хæстГуанчжоуВикиКъæбицЭрзиТрирСловакаг адæмТъæпæнхъæуАль-БируниДзæрæхы районСискОвернь — Ронæ — АльпæтæГитлер, АдольфУзбекаг æвзагЛиберти (компани)Гуырдзыстоны Советон Социалистон РеспубликæУæрæсейы империСкифтæМады МайрæмВолгæУæлæмæсыг1954-æм азЩёлковоСæуæссæ24 январы13 апрелыГорький ХостелБретаньПлиты ГрисДонецчы Адæмон РеспубликæРодс, СесилДзуттаг адæмМонтсерратСолы адæмГазетЯгънобаг æвзагÆвдадзон🡆 More