Даредзантæ сты Даредзанты таурæгъты сæйраг æвæрццæг хъæбатырты мыггаг.
Даредзанты таурæгътæ, Нарты кадджытау, ирон адæмæн хорз зындгонд сты куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр.
Даредзантæ сты цуанæттæ, цæрынц сырды фыдæй. Сæ цот бон рæзы уыдисн, æхсæв — уылынг. Даредзантæ бынсæфт фесты авдсæрон уæйыджы æлгъыстæй. Даредзанты Домбай йын йæ æхсæз сæры куы акъуырдта, уæд ма уæйыг куырдта, цæмæй ма йын æвдæм ныууадза. Даредзантæ ууыл куы нæ сразы сты, уæд сæ ралгъыста: «Хæрзсæфт фæут, Даредзантæ, уæ мыггагæй иу дæр куыд нал баззайа». Уæйгуыты æлгъыст цæуаг уыд, Даредзантыл дæр æрцыд, æмæ быныскъуыд фесты.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Даредзантæ, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.