Франсуа Лё Мете́ль де Буаробе́р (фр.
Франсуа де Буаробер | |
---|---|
фр. François Le Métel de Boisrobert | |
Райгуырды датæ | 1592-æм азы 1 августы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1662-æм азы 30 мартъийы (69 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, драматург, фыссæг, политик |
Уацмысты æвзаг | францаг |
Викикъæбицы медиа |
Франсуа райгуырдис Каны, Руаны хъалонты палатæйы (фр. La cour des aides) прокуроры бинонты ’хсæн.
Йæ ахуыры сæр уыдис барад, суанг ма цасдæр рæстæг уыдис Руаны адвокатты коллигийы уæнг. 1622-æм азы уый æрцардис Парижы. Уым Буаробер ссис, Антуан де Сент-Аман æмæ Теофиль де Вио цы сæрибарзонд поэтты къорд сарæзтой, уый уæнг. Фæлæ де Виойыл дæнцон тæрхондоны процесс куы сарæзтæуыд (тæрхонмæ гæсгæ хъуамæ адæмы раз æрфæсмон кодтаид, уый фæстæ йæ хъуамæ басыгъдаиккой, фæлæ басыгъд ын фæстæдæр баивтой æнусмæ хасты ран уæвынæй), уæд Буаробер хи бангом кодта Франсуа де Малерабы фæдонтæм. Уый фæрцы фæхæстæгдæр ис къаролы кæртмæ, æмæ афтæмæ иннæ азы уый архайдта «Вакханали чи æвдыста, къаролы уыцы балеты» (1623-æм азы февралы, Лувры). Уыцы аз Буаробер райста католикон дин æмæ йын лæвæрд æрцыдис аббаты бынат Шатийон-сюр-Сены.
1625-æм азы уый уыдис Лондонмæ чи ацыдис, уыцы минæварады делегацийы уæнгтæй иу, 1630-æм азы та ацыдис Роммæ. Уым Буаробер, Ромы папæ Урбан VIII-æм æм хорз зæрдæ кæй дардта, уый фæрцы райста Руаны приоры æмæ каноничы чин.
1623-æм азы, йæ зонд, йæ сатирикон курдиат æмæ йæ дзырдарæхсты руаджы Буаробермæ хорз зæрдæйы ахаст дарын райдыдта кардинал Решелье. 1627-æм уый ссис кардиналы литературон нымæрдар. Буаробер уыдис, Ришельёйы идейæтæ драмон уацмысты хуызы чи æвдыста, уыцы фондз авторæй иу; иннæ цыппар уыдысты — Пьер Корнель, Клод де Летуаль, Гийом Кольте æмæ Жан Ротру. Буаробер ма уыдис, Валентэн Конрары хæдзары кæй арæзтой, уыцы литературон æмбырдты архайæг, æмæ дзы рæгъмæ рахаста уыцы æмбырдæй æхсæнадон бынат скæныны фæндон. Афтæмæй æрæвæрдæуыд, Буаробер йæ активондæр уæнгтæй иу кæмæн уыдис, уыцы Францы академийы бындур. Равзæрстой йæ уырдæм 1634-æм азы (йæ къæлæтджыны номыр — 6).
Француа де Буаробер, Решильейы аудындзинады фæрцы йын цы стыр мулк уыдис, уый хицау уæвгæйæ, рæдауæй æххуыс кодта фысджытæн.
Йæ царды фæткæй йын-иу арæх спайда кодтой йе знæгтæ. Иу æмæ дыууæ хатты-иу Буаробер не ссардта фыдæх, фæлæ-иу ахæм фыдахаст бирæ нæ ахаста, æниу фæстаг азтæ йæ бахъуыдис фылдæр æргом аздахын йæ сауджыны хæстæм.
Ришельёйы амарды фæстæ Буаробер хи баиу кодта, Фрондæйы афон лæггад кæмæн кодта, уыцы Мазариниимæ.
Буаробер ныффыста 18 пьесæйы. Уыдонæй 9 сты трагикомедитæ. Йæ комедитæй иу — «Хъастуарзаг хæрзрæсугъд ус» (уырыс. Прекрасная сутяжница) у уæлдай ахъуыдыйаг, уымæн æмæ ацы уацмыс сразæнгард кодта Мольеры йæ комеди «Чъынды лæг» ныффыссынмæ.
Буаробер ма у бирæ æмдзæвгæты автор. Уый ма мыхуыры рауагъта Теофиль де Виойы уацмыстæ (1627) æмæ дыууæтомон чиныг «Къаролы Парнас, кæнæ Людовик XIII æмæ Ришельёйы кадæн фыст алыхуызон æмдзæвгæтæ» (1635). Бернар де Ла Маннуайы хъуыдымæ гæсгæ, Буаробер у, йе ’фсымæр Антуана Лё Метель д'Увилы номæй кæй рауагта, уыцы æнæфсарм аргъæутты автор.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Буаробер, Франсуа де, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.