«Автодор» у Дзæуджыхъæуы футболон клуб.
Бындурæвæрд æрцыд 1983-æм азы.
Президент — Æлбегонты Хасан.
Генералон директор — Платы Зелимхан.
Спортивон директор — Гиви Керашвили.
Командæйы сæргълæууæг — Андрей Передерий.
Администратор — Цораты Сослан.
Пресс-атташе — Вячеслав Степанов.
Дохтыр — Зæнджиаты Аслан.
Футболон клуб «Автодор» бындурæвæрд æрцыд 1983-æм азы куыстадон управлени «СЕВОСЕТИНАВТОДОР»-ы базæйыл, Æлбегонты Хасаны хъæппæрисæй.
1988-æм азы «Автодор» архайдта бæстæйы æнæпрофессионалон командæты ’хсæн ерысты. Уый уыди командæйы фыццаг къахдзæфтæ æппæтуæрæсеон турнирты.
«Автодор»-ы æнтыстытæ хынцгæйæ Уæрæсейы футболы федераци радта командæйæн 1990-æм азы ССР Цæдисы дыккæгæм лигæйы чемпионаты архайыны бар. 1992-æм азы «Автодор»-æн бантысти рацæуын Уæрæсейы чемпионаты фыццæгæм дивизионмæ. 1993-æм азы командæ тох кодта уæлдæр лигæмæ рацæуыныл. Уыцы аз «Автодор» бацахста дыккаг бынат. Фыццаг бынат та, æмæ уыимæ уæлдæр лигæйы хъазыны бар, фæци Новороссийсчы «Черноморец»-ы хай.
1995-æм азы, финанстæ хъуаджы тыххæй, командæ ацыди фыццæгæм лигæйæ æмæ æрхызти дыккæгæммæ.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Автодор (футболон клуб), which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.