Бæхджын Центр Аврорæ

Бæхджын центр «Аврорæ» — бæхты спорты центр Сыктывкары, йæ куысты нысан у иппотерапийæ дзæбæх кæнын æмæ бæхты спорт инвалидты ’хсæн парахат кæнын.

Центр бындурæвæрд æрцыд 2003-æм азы.

Инвалидтæн дзы лæггад кæнынц лæварæй, кæнæ нымайынц аргъыл ныййарджыты æмæ сабион инвалидты интернаты лæггæдтæй (интернат фервиты центрæн халсартæ, хос бæхтæн æмæ цæрæгойтæм зилынмæ аккаг исты зæронд дзаума). Центр йæ æфтиаг исы бæхтæ уæй кæнынæй æмæ æнæниз адæмæн пони æмæ бæхтæ хаццон дæттгæйæ.

Центры проблемæтæй иу у манежæй цухдзинад, ахæм уавæр ын нæ дæтты, аргъ чи исы, ахæм конкурентты фæстæ фæуадзын, æмæ æхцайы фæрæзты цухдзинад инвалидты стыр нымæцы раз.

2013-æм азы райдианы центры нымад цыд 13 бæхы, 7 пони æмæ 1 теуа æмæ хæрæг. Майрæмы мæйы 2013-æм азы баисты 33 бæхы, 5 пони, 3 саджы æмæ теуайы (лæппынты æддæ).

2013 азы организаци дзæбæх кодта 30-50 алыхузон кары инвалидты.

Истори

Центр арæзт æрцыд 2003-æм азы Наталья Денисовайы хæдзары зылд бынтыл.

2013-æм азмæ огранизаци сарæзта дыууæ ерысы бæхон спортæй къæхты æмæ зондæй хъыгдард инвалдтимæ (фыццаг ерысы хайад истой 6 инвалиды, дыккаджы та — 17). Фыццаг ерыс уыди 2008-æм азы. Уымæй уæлдай ма центры нивалидтæ архайдтой мæскуыйаг ерысты, кæцыты цыппар хатты бацахстой дыккаг бынаттæ, дыууæ хатт та — æртыккаг. Костромайы цы Уæрæсейаг Первенствæйы бæхон спорты ерыс цыд, уым Наталья Денисова бацахста фыццаг бынат.

Майрæмы мæйы 2013-æи азы центр райста хайад Сыктывкары сахары ерысты бæхты спортæй.

Критикæ

2012-æм азы Полина Моковозова информацион портал «Красное знамя»-йы интервьюйы хъаст кодта, «Аврорæ» йæ бæхты æвзæр уавæрты кæй дары, бæлвырд зæгъгæйæ та, дыууæ бæхы дары иу денниккы .

Литературæ

Фиппаинæгтæ

Tags:

Бæхджын Центр Аврорæ ИсториБæхджын Центр Аврорæ КритикæБæхджын Центр Аврорæ ЛитературæБæхджын Центр Аврорæ ФиппаинæгтæБæхджын Центр Аврорæ2003-æм азСыктывкар

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

АтоциГибралтарШилово (Рязаны облæст)ЭстониКурдаг æвзæгтæ1999Иврит2000-тæХаханты Алыксандр22 январыХунан (фидар)Коммунæ (Франц)АнтропологиДюмезиль, ЖоржНомдарХæрздæф реганМолдавиАмерикæКæфхъуындарБрноБургундиГæдиаты СекъаВикипедиИрон ВикипедиИрон мыггæгтæБлогБразили1998-æм азАнаполисКолумбиCoriandrumПрисОснабрюк1922-æм азАдыгъеРомы империКъаматæХайфæЦзянсиСиноп (ил)НюрнбергИнтернетЧиндзиЦæгæраты МаксимЦыбыр бæрнады æхсæнадХъазæнты цауСумыйы облæстАпиаКъохХуссар ИрыстонСеулСмолянЦарциатæЧехиПандемиЦæссыгты фæндагДжимиХърупс (хъæу)ЛаосБеруаты ЕгорБетъырбухУльмЗды🡆 More