2011 Хуссар Ирыстоны Президенты Æвзæрстытæ

2011-æм азы 13 ноябры Хуссар Ирыстоны цыдис президенты æвзæрстыты фыццаг тур.

Æдæппæт регистрацигонд æрцыдысты 17 кандидаты:

  • Æлборты Игорь — Республикæ Хуссар Ирыстоны иргъæфы министры хæдивæг;
  • Бæззаты Инал — РХИ-йы парламенты депутат;
  • Бестауты Айвар — Республикон рынчындоны хайады сæргълæууæг;
  • Бибылты Анатолий — РХИ-йы уæлвæткон уавæрты иувæрс кæныны фæдыл министр;
  • Битеты Сергей — РХИ-йы юстицийы министрады сæйраг тæрхонон пъырыстыф;
  • Гæбæраты Эдуард — РХИ-йы иргъæфы министрады артиллерийы сæргълæууæг; йæ кандидатурæ аиста Къæбысты Георгийы æххуысæн;
  • Джыккайты Джемал — Республикон рынчындон диагностикæйы кабинеты сæрдар;
  • Джиоты Аллæ — РХИ-йы ахуырады кæддæры министр (2002-2006 азты);
  • Коцты Алан — спорты скъолайы ахуыргæнæг; йæ кандидатурæ аиста Бибилты Анатолийы æххуысæн;
  • Къæбысты Георгий — Информаци, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты паддзахадон комитеты сæрдар;
  • Плиты Алан — РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг;
  • Тæсойты Дмитрий — Социал-демократон змæлды рæздзог;
  • Тедеты Сослан — РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады СОБР-ы командир;
  • Хъотайты Алан — Цхинвалы мэры фыццаг хæдивæг;
  • Челæхсаты Владимир — РХИ-йы парламенты депутат (III æмæ IV æвзæрсты);
  • Цгъойты Мераб — РХИ-йы парламенты депутат;
  • Цыхуырбаты Вадим — дзулфыцæн комбинаты директор.

Бюллетентæ джиппæй рацыдысты æппæт 17 кандидаты нæмттимæ, æмæ, йæ кандидатурæ чи аиста, уыцы æхсæз адæймаджы нæмттæ æвзæрстыты къамисы кусджытæ-иу ахахх кодтой къухæй.

Æвзæрстыты дыккаг турмæ 11 кандидатæй рацыдысты Джиоты Аллæ æмæ Бибылты Анатолий. Тур ахицæн ис 2011-æм азы 27 ноябры, æмæ дзы Джиоты Аллæ райста 56,74% хъæлæстæ. Æвзæрстыты официалон фæстиуæг нæма хъуыстгонд у. Конституци æмæ закъонмæ гæсгæ, æвзæрст президент йæ бармæ бацæуы æвзæрстыты фæстиуджытæ фехъусын кæныны фæстæ дæсæм боны.

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ


Tags:

13 ноябры2011-æм азХуссар Ирыстон

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

МонархиСауды Арабб1510-тæЦайАмерикæйы Иугонд ШтаттæШирнак (ил)Æхсæнславяйнаг æвзагКабо-ВердеФадзайты Марат1928КъобАИШСлободскойАхтубинскАффиксНог БæтæхъойыхъæуКæндысТеуаОкеани1881-æм азМысырКумановоМиногон1128-æм азЦесис2022-æм азУæрæсе4 ноябрыХъазан720-æм азСоветон ЦæдисНидерландаг æвзагКурган (сахар)1204-æм азАляскæ1419-æм азИнтернетТуркменистанМæргътæУтрехтКот-д’ИвуарКолорадоСунжæ (хъæу)БельфорРеганХорвати23 майыVk.comСасчытæ4 февралыТанзаниСтамбул (ил)ДонгуырМæцкъорПутин, Владимир Владимиры фыртИрыстонХæдтулгæВалютæЛалелиБойсе (сахар)Сабыр фурдТампæ1991-æм азУкраинæСмартфонТъепаМанголФранц🡆 More