Ткуарчал

Ткуарчал (абх.

Сахар
Ткуарчал
абх. Тҟәарчал
гуырдз. ტყვარჩელი
Ткуарчал
Герб
Герб
HGЯO
Паддзахад Абхаз Абхаз
Район Ткуарчалы район
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Ткварчели
Фæзуат
  • 16,85 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 5013 адæймаджы (2011)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 7200
Ткуарчал (Абхаз)
Ткуарчал
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ткуарчал сарæзтæуыд цалдæр цæрæнраны баиу кæнынæй, уыдонæй стырдæр уыд шахтёрты посёлок Акармара. Цæгат Кавказы дурæвзæлы къахыны ахсдижагдæр центр уыдис. Хæсты заман 413-бонон æртыхст мысынæн хæссы хъæбатыр сахары ном Абхазы. 1992-93 азты цы гуырдзиаг-абхазаг хæст цыдис, уый дæргъы тынг фæхæлддзæг æмæ дзæвгæр федзæрæн. Ныртæккæ зындгонд сси куыд сахар-æндæрг, æмæ уый тыххæй уырдæм цæуын райдыдтой, æдзæрæг рæттæм чи лæбурынц, уыцы туристтæ æмæ «сталкертæ».

Сахары рельеф афтæ у æмæ дзы ис дыууæ иппæрд хайы — уæллаг сых æмæ дæллаг сых. Бæстис сæ канатон фæндаг æмæ, 232 къæпхæнæ кæмæ ис, ахæм даргъ асинæй. Ткварчалы алфамбылай ис хæхтæ, уымæй рацæуæн ис æрæмстдæр иу фæндаджы ууылты.

Сахары бæстыхъæд у субтропикон: сæрд у хъарм (июлы рæстæмбис температурæ у +28 °C), зымæг та тызмæг нæу (январы рæстæмбис температурæ +8 °C); уаргæ бирæ кæны, 2000 мм афæдз. Сахар лæууы цæугæдон Аалдзгайы (советон дуджы картæтыл сæ хуыдтой Галидзга), уый кæлы Сау денджызмæ. Сахармæ ’ввахс ис Гупы æхсæрдзæн, бынæттон фенддаг.

1989-æм азы сфыстмæ гæсгæ, сахары цæрджыты нымæц уыдис 21 744 адæймаджы, уыдонæй 9202 абхазаджы (42,3 %), 5321 уырыссаджы (24,5 %), 5086 гуырдзиаджы (23,4 %) æмæ 337 сомихаджы (1,5 %). 2003-æм азмæ цæрджытæй баззадысты æрмæстдæр 4786; 2011-æм азы дзы цардысты 5013 адæймаджы, уыдонæй абхаз 66,5 % (3334 ад.), гуырдзы/мегрелæгтæ — 17,4 % (871 ад.), уырыс — 9,7 % (487 ад.), украинæгтæ — 1,3 % (65 ад.), сомихæгтæ — 1,1 % (54 ад.), грекъ — 0,4 % (19 ад.).

Фиппаинæгтæ


Tags:

АбхазАбхазаг æвзагГуырдзиаг æвзагСахарТкуарчалы район

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Уæгъдибар дебютКъора (Куырттаты ком)МамсыратыхъæуКунеоВеликая ПисаревкæЦъæззиуы комКарловы ВарыЗверева, Наталия Иваны чызгБетъырбухВизантияйы императортæЧырыстон динÆвдадзонФранцы регионтæЦъæззиу (хох)Донайы хæстНæудзармБоливи1942-æм азЛатвиАмыранАрхангельсчы облæстÆхсынцъыджын (Гуырдзыстон)Кавказы æрдзæвæрæнЛеонти Мровели2023-æм азУæлæмæсыгМеркурийХернёсандСæйраг фарсЦыппæрæмХуссар ИрыстонКъуыдаргомУартцилМуссолини, БенитоИспайнаг æвзагШпицбергенЯшин, Лев Иваны фыртЭльзасГазет1854-æм азФрейд, ЗигмундКоцойты АрсенГваделупæФалерСкифтæРагон англисаг æвзагБрытъиаты ЕлбыздыхъоМайоттæБаскатæЦæгат ИрландиСловениБазоркин, Идрис Муртузы фыртДелакруа, ЭженГранд-ЭстБезенги (альплагерь)ДзуттæгтæАбхазаг адæмЛуарæйы БæстæтæКалак (Цæгат Ирыстон)🡆 More