Фернандо Кортес Монрой Писарро Альтамирано (исп.
Паддзах Карл V ын радта маркизы титул (исп. Marqués del Valle de Oaxaca).
Эрнан Кортес | |
---|---|
исп. Hernán Cortés | |
Райгуырды датæ | 1485[…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1547-æм азы 2 декабры |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | конкистадор |
Фыд | Martín Cortés de Monroy[d] |
Мад | Doña Catalina Pizarro Altamirano[d] |
Æмкъай | Каталина Хуарес[d] æмæ Juana Ramírez de Arellano y Zúñiga[d] |
Сывæллæттæ | Мартин Кортес[d], Leonor Cortés Moctezuma de la torre[d], Martín Cortés, 2nd Marquis of the Valley of Oaxaca[d], Doña Juana Cortés de Zuñiga[d] æмæ Doña Maria Cortés y Ramirez de Arellano[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Кортесы руаджы европæйæгтæ 1520-æм азтæй пайда кæнынц ваниль æмæ шоколадæй.
Эрнан Кортесы царды хабæрттæ сты кадавар, уый охыл историктæн зын у ацы ахсджиаг историон адæймагæн æххæст аргъ скæнын.
Кортес райгуырдис мæгуыр испайнаг уæздан лæджы (идальгойы) хæдзары. Йæ къухы бафтыдис Саламанкæйы университетмæ бацæуын, фæлæ дыууæ азы йеддæмæ дзы нæ фæахуыр кодта. Йæ ахуыры рæстæг базыдта латинаг æвзаг æмæ барады тыххæй цыдæртæ (уый йæ фæстæдæры фыстæджытæй зыны).
1506-æм азы ацыдис Ног Дунемæ, Санто-Домингойы æрыгон Кортесæн радтой колонисты статус æмæ йæхи хæдзар аразыны бар (репартимьенто). Лæппу уыдис губернатор Овандойы дард хион, æмæ йæ уый снысан кодта сахар Асусæйы нотариусæй.
1510-æм азы Кортес баиу ис, Диего Веласкесы разамындæй Кубæ бацæхсынмæ чи цыдис, уыцы балимæ. Балы службæ кодта куыд хæзнадар, æргътæ кодта стыгъд хæзнатæ æмæ сæ фæндзæм хай æрвыста Испанийы къаролæн. Кубæйы Эрнан Кортес схъæздыг ис æмæ дзы баззадис цæрынмæ.
1519-æм азы Кортес, йæ бæрны 11 науы, афтæмæй ацыдис ныгуылæнмæ, Мексикæ байсынмæ. Йемæ уыдис 518 фистæг æфсæддоны, 16 барæджы (уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бæх нæ уыд), 13 аркебузæджыны, 32 арбалетджыны, 110 матросы æмæ 200 цагъайраджы.
Фыццаг наутыл бахæццæ сты Юкатаны былмæ, стæй цæугæдон Табаскойы донæфтæнмæ. Уырдыгæй сурзæххыл фæцыдысты бæстæйы астæумæ, ссардтой сæхицæн цæдисонтæ æмæ 16 августы бахæцццæ сты ацтекты сæйраг сахар Теночтитланмæ.
1540-æм азы Европæмæ æрыздæхтис æмæ Америкæмæ никуы ма цыдис. Бацархайдта 1541-æм азы экспедицийы Алжирмæ, фæлæ уыцы хæстон операци нæ фæрæстмæ.
Амард æмæ ныгæд и Испанийы, Севильяйы сахары. Фæстæдæр йæ мард æппынкъаддæр аст хатты æндæр ранмæ равæрдтой, ныртæккæ Кортесы ингæн у Мексикæйы, йæ фæстаг фæндонмæ гæсгæ.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Кортес, Эрнан, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.