Кайтаджы уцмийад — V—XIX æнусты кайтаггаг æмæ хъуымыхъхъаг адæмы феодалон паддзахад Дагъистаны нырыккон Кайтаджы æмæ Дахадаевы районты зæххыл, уымæ ма хаудысты Сергокалайы, Дербенты æмæ Каякенты районты зæххыты хай.
Уцмийтæ (бынæттон æлдариуæггæнджытæ) бацæхстой Кайтагæй цæгатырдæм зæххытæ, даргъинаг адæм кæм цардысты, уыцы зæххытæ æмæ ма денджызгæрон быдыры иу хай, уым цардысты хъуымыхъхъ. Уый фæрцы сæ бон уыд, Дербент æмæ Фæскавказ Сызгъæрин Ордайы сæйраг сахар Сарайимæ чи иу кодта, уыцы рагон базарадон фæндагæй пайда кæнын. Уцмийады сæйраг сахар уыд Кала-Корейшы фидар бæрзонд къæдзæхыл. XIV æнусы уцмийад, кæцы Сыгъзæрин Ордайы фарс лæууыдис, ныддæрæн кодта Тамерланы æфсад, уыцы рæстæгæй сæдæ азы рацыдис цалынмæ Кайтаджы паддзахад ногæй фæрæвдз ис. Титул «уцмий»-ы равзæрд иу версимæ гæсгæ цæуы араббаг дзырд «исми»-йæ (номджын, намысджын), иннæ версимæ гæсгæ та — даргъинаг дзырд «уци»-йæ, кæцы нысан кæны «æфсымæр». Уцмийы титул лæвæрдтой фыдæй фыртмæ нæ, фæлæ мыггаджы хистæртæй иуæн — уый тыххæй иу кæнæ дыууæ хатты нæ фæхыл кодтой уцмийтæ сæ бынтыл.
XIII æнусы Кайтагмæ цыдысты католикон миссионертæ, фæстæдæр та — Сомих æмæ Гуырдзыстонæй чырыстон миссионертæ дæр. Уый фæдыл кайтаггаг цæрджытæй иуæй-иутæ чырыстон уырнджытæ систы. Уцмийтæ сæхæдæг уыдысты пысылмон, æмæ пысылмон дин парахат кодтой регионы.
XVI æнусы кæронмæ уцмийæн йæ мыггаг æрбынат кодта Маджалисы хъæуы, Кайтаджы быдираг хай, уый фæстæ уцмийы тæваг хохæгтæм фæлæмæгъдæр ис.
Кайтаджы уцмийад Уæрæсейы империйы Кайтаджы-Табасараны зылдмæ бацыдис 1813-æм азы, уыцы рæстæгмæ та йæ къухы æфтыд æртæ егъау империты ’хсæн — Перс, Уæрæсе æмæ Турк — йæ хæдбардзинад хъахъхъæнын.
Кайтаггаг æлдариуæггæнджыты династи цæуы корайшит Чупанæй, кæцы цардис лекъаг хъæу Мазайы.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Кайтаджы уцмийад, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.