Бараташвили Мелитоны фырт Никъолоз (гуырдз.
Райгуырдис Тбилисы 1817-æм азы 15 (27) декабры. Йæ бинонтæ уыдысты номдзыд, фæлæ мæгуырмæ æрцæуæг кънйазты мыггагæй.
Никъолоз Мелитоны фырт Бараташвили | |
---|---|
гуырдз. ნიკოლოზ ბართაშვილი | |
Райгуырды датæ | 1817-æм азы 4 декабры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 9 (21) октябры 1845 (27 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, фыссæг |
Уацмысты æвзаг | гуырдзиаг æмæ уырыссаг |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ фыд Мелитон зыдта уырыссаг æмæ цалдæр кавказаг æвзаджы, æмæ службæ кодта чиновникæй Ермолов æмæ Паскевичы администрациты. Йе ’мдуггæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Мелитон уыди мæстыгæр æмæ рæузæрдæ адæймаг. Фæстагмæ лæг ’рцыд мæгуырмæ, æмæ йæ æнæфыст хæсты уаргъ æрæнцади йæ бинонтыл. Никъолозы хъысмæтыл фæбæрæг ис йæ фыды æнамонд уавæр.
Поэты мад Евфимия (Ефимия) — поэт Григол Орбелианийы хистæр æмæ уарзондæр чызг — уыди хорзудыхъæдджын адæймаг æмæ Никъолоз йæ туджы рахаста йæ ныййарæджы уæздан миниуджытæ.
Никъолозы мад уыди йæ фыццаг ахуыргæнæг. Поэты фыццаг чингуытæ уыдысты Псалтырь, Часослов æмæ Евангели. Йæ иуæй-иу æмдзæвгæты стиль æмæ лексикæ бæлвырд æвдисынц, Бараташвили иттæг хорз кæй зыдта раггуырдзиаг литературæйы уацмыстæ.
Дæсаздзыд Татойы (бинонтæ йæ буцæн афтæ хуыдтой) радтой Уæздæтты тбилисаг училищемæ. Ахуырдон 1830-æм азы сси гимназ. Уæды заман йæ удыхъæдыл тынг бандæвта зындгонд æхсæнадон-политикон архайæг Соломон Додашвили æмæ æндæр педагогтæ. Никъолоз уыди зæрдæргъæвд ахуырдзау, уыди хъæлдзæг æмæ цæрдæг, стæй, æвдисæнтæ куыд дзурынц, уыди цыргъзонд æмæ кафаг.
Гимназистты зæрдæмæ цыди литературæ, уарзтой кæсын Байроны, Гетейы, Мицкевичы, Пушкины, уагътой къухфыст журнал «Тифлисы гимназы дидинæг».
Йæ лæппуйы бонты Бараташвили фæсахъат кодта йæ къах æмæ йæ цæрæнбонтæм баззади къуылыхæй. Уыцы цау, æнæуый дæр æнкъараг лæппуйы, скодта мæстыгæнаг. 1835-æм азы, гимназ куы фæци, Бараташвили хъавыди бацæуын æфсæддон службæмæ кæнæ университетмæ. Йæ ныййарджыты нæ фæндыди цæмæй сæ фырт суа æфсæддон, фæлæ иннæрдæгæй та сын нæ уыди æхца уæлдæр ахуырдонмæ бацæуынæн.
Цæмæй йæ рынчын æмæ хæрзмæгуырмæ æрцæуæг фыдæн ахъаз фæуа, уымæн 18-аздзыд Никъолоз райдыдта кусын чиновникæй Кавказы тæрхондæтты уæлдæр уагдонмæ — Тæрхон æмæ бафхæрды экспедицимæ.
Æнамонд разынди Никъолозæн йæ хион цард дæр. Поэт бауарзта Екатеринæ Чавчавадзейы (Грибоедовы усы хо) æмæ куыд йын фæкасти йæ уарзт уыди æмзæрдиуæг, фæлæ йæ уарзон чызг хуыздæрæн равзæрста Мегрелы æлдариуæггæнæг кънйазы.
Нахичеваны уезды хицауæй азырдæг фæкуыста, афтæмæй 1844-æм азы йæ раивтой ног ахæм бынатмæ сахар Ганджамæ. Уым Никъолоз рæхджы фæрынчын фыдхъæд тæфсæгæй. Фæзиан уыцы низæй 1845-æм азы 9 (21) октябры 27-аздзыдæй.
Бавæрдтой йæ, Ганджайы фидары цы аргъуан уыд, уый кæрты. Æрмæст æнусы ’мбисы фæстæ, 1893-æм азы йæ буар баныгæдтой ног ран — Тбилисы. Вагзалы раз æрæмбырд ис цалдæр мин адæймаджы æмæ худаистæй загътой рухсаг. Табæт суанг Дидубейы уæлмæрдтæм фæхастой къух-къух. Бараташвилийы уæлингæн Илья Чавчавадзе скодта йæ зындгонд раныхас.
1938-æм азы поэты буар ныгæд æрцыд ног ран — кады зарджытæ кæуыл фæкодта, уыцы хох Мтацъминдайы, Гуырдзыстоны зынгæ архайджыты Мтацъминдайы пантеоны.
Службæйæ уæгъд рæстæг нывонд кодта литературон куыстæн. Æдæппæтæй поэт ныффыста æрмæст 36 æмдзæвгæйы æмæ историон поэмæ «Гуырдзыстоны хъысмæт», фæлæ уыцы уацмыстæй дæр Бараташвили сси гуырдзиаг дзырдаивады номдзыддæр минæвæрттæй иу.
Бараташвилийы лирикæйы æххæстдæр хуызæгыл нымад у æмдзæвгæ «Мерани». Ирон æвзагмæ йæ иттæг дæсны раивта зындгонд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги.
(Æфсургъ)
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Бараташвили, Никъолоз Мелитоны фырт, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.