Диляра (Диларæ) Алекпер кызы (Алекперы чызг) Алиева (азерб.
Диляра Алекпер кызы Алиева | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 14 декабры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1991-æм азы 19 апрелы (61 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Викикъæбицы медиа |
Дилярæ Алиева райгуырдис 1929-æм азы 14 декабры Тбилисы, куырды бинонтæм. Каст фæцис астæуккаг скъола № 97 æмæ йæ ахуыр адард кодта Азербайджаны паддзахадон университеты скæсæнзонæн факультеты.
Университеты фæстæ бацыдис аспирантурæмæ Низамийы номыл æвзаг æмæ литературæйы институтмæ Бакуйы, уырдыгæй та йæ арвыстой Тбилисмæ, Шота Руставелийы номыл литературæйы институтмæ. Уым куыста йæ кандидатон диссертацийыл «Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны бастдзинæдтæ XIX æнусы литературæйы», æмæ йæ бахъахъхъæдта 1954-æм азы.
Уый фæстæ Алиева бирæ азты дæргъы куыста Низамийы номыл институты, ахста дзы алыхуызон бынæттæ, уыдоны ’хсæн хистæр æмæ раззаг зонадон кусæджы бынат, литературон бастдзинæдты хайады сæргълæууæджы бынат дæр. 1984-æм азы бахъахъхъæдта йæ докторон диссертаци «Низами æмæ гуырдзиаг литературæ».
1988-æм азæй сси Азербайджаны адæмон змæлды архайæг, фæстæдæр æй равзæрстой Азербайджаны адæмон фронты советмæ. Уый йеддæмæ ма Дилярæ Алиева уыд Сылгоймæгты бартæ хъахъхъæныны æхсæнадæн йæ бындурæвæрджыты ’хсæн, демократон блокæй æвзæрст æрцыдис Азербайджаны ССР-йы Уæлдæр Советмæ.
1991-æм азы 19 апрелы цы машинæйыл цыдис ахуыргонд Айдын Мамедовимæ, уый аваримæ бахаудис Гахы районы, æмæ дыууæ бæлццоны дæр амардысты. Ныгæд æрцыдис Бакуйы кадджын уæлмæрдты дыккæгæм аллейыл.
Диляры Алиевайы ном хæссы сылгоймæгты бартæ чи хъахъхъæны, уыцы азербайджайнаг организаци, стæй Бакуйы уынгтæй иу. Цы хæдзары цардис, уый къуылыл ис номарæн фæйнæг.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Алиева, Диляра Алекпер кызы, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.