Куадзæн

Куадзæн (гр.

πάσχα) у чырыстон дины стыр бæрæгбон. Чырыстон уырнындзинадмæ гæсгæ уыцы бон мæрдтæй райгас и Йесо Чырысти æмæ уымæй мæлæтыл фæуæлахиз.

Куадзæн

Бæрæгбоны ирон ном фæзынди мивдисæг «ком уадзын»-æй. Уыцы бон чырыстон диныл хæст адæм «ком уадзынц», ома нал дарынц ком.

Ирон адæммæ куадзæн рагæй уыди стыр æмæ хъæлдзæг бæрæгбон.

Ирон адæммæ

Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. 325-æм азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг – æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæраг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц.

Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта.

Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Куадзæны бон-иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ.

Литературæ

  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.


Tags:

Грекъаг æвзагЙесо ЧырыстиЧырыстон дин

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Фыццаг мыхуыргонд чиныг иронауМагеллан, ФернанМалавиУэльсХарири, РафикÆвзистЛиверпуль4 мартъийыВифлеем1863-æм азКот-д’ИвуарЦхъориФранцы ГвианæГерманы Демократон Республикæ824-æм азСтыр БританиШостакович, Дмитрий Дмитрийы фыртМæхъхъæл988-æм аз5 мартъийыГуриХæфс14 мартъийыКитайАрвы цæджындзКоимбрæУкраинæйы хурыскæсæны хæстМаскевич, Кирилл Андрейы фыртАмасонас (Венесуэлæ)ХъазанКиевКюрасао6 февралыОрду (ил)ДнепрорудноеКасатæÆхсырДжыккайты ШамилХъуымВенетоГудаутæ11 сентябрыПочепБухарест20 апрелыСандино, Аугусто СесарАзиАфгъанистанИерусалимАзотШвециЦæгат КорейТæтæрстанЗлынкæФизикæМаркеВикингтæКоньсковоляИзраильНигериХъырым2020-æм азБалтийский (Стъараполы край)🡆 More