Зæхх, дыгуронау Зæнхæ (символ: ), у Хурæй дардмæ æртыккæгæм планетæ Хуры системæйы.
Гидросферæ (раг. грекъ. Yδωρ — дон æмæ σφαῖρα — тымбыл, къори) Зæххы æппæт донон æмбырдты хæрх.
Зæххы уæлцъарыл тæнгъæд доны уæвынад у стыр уникалон миниуæг, кæцы нын хицæн кæны нæ планетæ Хуры системæйы æндæр обекттæй. Доны фылдæр хай у фурдты æмæ денджызты конд, бирæ цъусдæр та цæугæдæтты, цадты æмæ зæххы бын цы дæттæ ис, уым. Ноджы ма бирæ дон æмбырдæуы атмосферæйы, æврæгъты æмæ доны пъары хуызы.
Доны иу хай ма лæуудæуы хъæбæр уагы, цъититы, митын сывæлдæгæй æмæ æнусон сæлды формæйы, криосферæ кæнгæйæ. Æгас доны уæз Дунейон фурды у 1,35·1018 тоннæйы, кæнæ та 1/4400 Зæххы массæйæ. Зæххыл цы дон ис, уымæй æрмæст 2,5% у æдзæх æмæ бæззы нуазынæн, иннæ - цæхджын. æдзæххдоны фылдæр хай, иу-70% бæрц, ис цъититы æмæ иххæхты.
Тæнгъæд дон Зæххыл, æвæццæгæн, 4 миллиард азы размæ фæзынд.
Фурдты æмбисбарст цæхджынад у — цæххы 35 граммæ ’ввахс, денджызы доны иу литрæн. Ацы цæххыты уæрæх хай уæгъд уыди вулканты скæлдтыты, кæнæ та ист æрцыд фурдæн йæ бын чи сформæ кодта, ахæм хæххон мыггæгты æрсатæггонд срæмыгъдтæй.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Зæхх, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.