Хуырхæг, дыгуронау: тауæгтъаффæ (лат. Rumex acetosa) у кæрдæг зайæгой.
Хуырхæг | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
| ||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Rumex acetosa L., nom. cons. | ||||||||||||||
|
Хуырхæг у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Хъæздыг у алыхуызон витаминтæй, минералон цæххытæй. Уæдæ дзы урсаг та хæццæ кæны 36,4% онг. Пайда у хæлцтайынад банывылдæр кæнынæн. Буары мидæг туг æнæзынгæйæ тугдадзинтæй куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн. Æвдадзы хос у, тугхæппæр чи феппары, геморройæ чи батыхсы, уыцы рынчытæн. Æнцондæр кæны игæры масты гуырынад æмæ йæ æддæмæ ратæры. Хуырхæджы сыфтæн нæ фæразынц бирæ зианхæссæг микробтæ, амары сæ. Уымæ гæсгæ йæ амонынц, низхæссæг микробтæй чи фæхъæстæ, уыцы рынчынтæн. Йæ уидаджы фыхдон фидардæр кæны буары тæккæ лыстæгдæр тугдадзинты. Дзæбæх дзы кæнынц цармы цалдæр хуызы низтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы — сæрмагонд хосты æмрæнхъ, иумæ. Йæ сыфтæ æмæ йын йæ хъæд фæхæрынц хомæй, цалынмæ дидинæг нæма ракалы, уæдмæ. Алыхуызон хъацæнтимæ дзы хæринаджы дæснытæ саразынц æвæджиауы хъæрмхуыпп, салаттæ, пюре, чъиритæ, зымæгмæ йæ æрцæттæ кæнынц цæхджынæй, консервгондæй, хусæй. Хуырхæг уæлдай кадджындæр у адæмы цæсты, уымæн æмæ дзы бирæ аирвæзын кодта стонг азты, уæлдайдæр та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Хордтой йæ цæхæрайы фыхæй, ссадимæ хæццæйæ.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Хуырхæг, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.