Фыстæджыты чиныг (сом.
Конд у Сомихы, Гуырдзыстоны æмæ Ираны аргъуаны архайджыты рафыстытæй кæрæдзимæ.
Куыд дзурынц уымæ гæгæ, æмбырды сæйраг хай сцæттæ кодта католикос Комитас I Ахцеци (615—628). Стæй æм бафтыдтой ноджы 98 документы (фыстæгы), уыдон æххæссынц V—XIII æнусты заман. Иуыл рагон документ — Константинополы архиепископ Проклы фыстæг Саак Партевмæ. Æмбырд сарæзтой сомихаг аргъуан халкидонизмы ныхмæ тохы тыххæй. «Фыстæджыты чиныг» у Сомихаг аргъуаны рагон астæузаманы дуджы ахсджиаг историон ратæдзæн. Æмбырды æрмæджыты ис ахсджиаг информаци Фæскавказы иннæ бæстæты тыххæй дæр — Гуырдзыстоны æмæ Кавказаг Албанийы, уыцы дуджы социалон терминологийы аргъаг информаци.
Æмбырды хуызы чиныг баззад æрмæст иу къухфысты 1298-1299-æм æзты, рафыста йæ Товма Ромклаецы Киликийы Сомихы. Раздæр уыцы æмбырдгонд уыдис Константинополы библиотекæйы, ныр та вæййы къухфыстыты æвæрæны Бзоммары моладзандоны. Фыццаг рауагъд 98 фыстытæй конд мыхуырмæ бацæттæ кодтой Тифлисы (нырыккон Тбилис).
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Фыстæджыты чиныг, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.