Тер-Ованесян Ованесы чызг Даянæ (сом.
Йæ поэзийы фылдæр хай уыд нывондгонд Сомихæн æмæ сомихаг диаспорæйæн. Ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта фондз æмæ ссæдз чиныгæй фылдæр.
Даянæ Тер Ованесян | |
---|---|
англ. Diana Der Hovanessian | |
Райгуырды датæ | 1934-æм азы 21 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2018-æм азы 1 мартъийы (83 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэтессæ, тæлмацгæнæг, фыссæг |
Жанр | поэзи |
Уацмысты æвзаг | сомихаг æмæ англисаг |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
dianaderhovanessian.com |
Тер-Ованесян Ованесы чызг Даянæ райгуырд Вустеры сомихаг бинонты. Ахуырад райста Бостоны университеты англисаг æвзаджы специализацийы, стæй йæ ахуырад адарддæр кодта Гарварды университеты, ахуыр дзы кодта Роберт Лоуээлмæ. Сси америкæйаг литературæйы профессор Ереваны паддзахадон университеты æмæ сомихаг поэзийы профессор. Уыдис бирæ семинарты разамонæг, се ’хсæн уыдысты Бостоны университеты семинартæ, Бард-колледжы æмæ Колумбийы университеты. Уый йеддæмæ ма уыд хуынд поэт æмæ америкæйаг поэзийы лектор, сомихаг поэзийы тæлмацы. Ноджы ма фыста АИШ-ы æмæ фæсарæнты адæмы бартыл литературæ. Æртын азæй фылдæр уыд Ног Англисы поэзийы клубы президент, стæй та сси Колумбийы университеты тæмалмацгæнæн цæдисы уæнг. Куыста поэтæй Массачусеты скъолаты.
Йæ поэзийы æртæ томы сомихаг æвзагмæ æрцыдысты тæлмацгонд æмæ сæ Ереваны мыхуыры рауагътой. Йæ уацмыстæ дæр тæлмацгонд сты бердзенаг, францусаг æмæ румынаг æвгзæгтæм. Тер Ованесяны æмдзæвгæта мыхуыры цыдысты газетты «The New York Times», «Christian Science Monitor», «The Boston Globe», «Paris Review», «The Writer’s Almanac», «AGNI», «The American Poetry Review», «The Nation» æмæ бирæ æндæрты.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Тер-Ованесян, Даянæ Ованесы чызг, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.