Саулохты Пъаулейы фырт Мухтар (райгуырдис 1915-æм азы Дæллаг Згъуыбиры хъæуы — амардис 1946-æм азы) у ирон поэт, драматург, Гуырдзыстоны ССР-йы сгуыхт артист.
Саулохты Мухтар | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1915 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1946 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, драматург, актёр |
Мухтар райгуырдис 1915-æм азы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Згъуыбиры хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Мухтар уыд кæстæр, æхсæзæм фырт.
1923-æм азы Мухтар бацыд Згъуыбиры райдиан скъоламæ, цыран фæцахуыр кодта иу азы бæрц. 1924-æм азы Мухтары йæ хистæр æфсымæр Симон йемæ акодта Калакмæ, барвыста йæ ирон скъоламæ. 1925-æм азы Симон раивта æмæ Мухтар дæр æрбаздæхт фæстæмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы.
Сæ мад Букуылон афтид уæзæгыл цы ракъахтаид уыйбæрц сывæллæттæн æмæ Мухтар дæр лæвæрд æрцыд сидзæр сывæллæтты хæдзармæ Къоджоры (Тбилисы цур).
Уый фæстæ ахуыр кодта Сталиниры «ФЗУ»-йы. Уыцы рæстæджы цыдис ирон театрмæ, фыццаг кусæгæй, стæй йæм хауд къаннæг ролтæ дæр. Фæстæдæр Мухтар æппæт йæ хъару радта театралон куыстмæ. 1932-1933 азты куыста театры профессионалон актёрæй æмæ декораторæй.
1933-æм азы æрвыст æрцыд Тбилисы Шота Руставелийы номыл театралон студимæ, уый фæстæ каст фæцис Ленинграды театралон ахуыргæнæндон дæр. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, 1936-æм азæй куыста Хуссар Ирыстоны драмтеатры. 1940-æм азæй та уыд Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы секретарь. Уыцы аз ын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артисты ном.
Саулохты Мухтар кодта егъау литературон куыст. 1930-æм азтæй кæрæдзи фæдыл зынын райдыдтой мыхуыры йе ’мдзæвгæтæ, фæстæдæр та йæ драматикон уацмыстæ.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Саулохты Мухтар, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.