Куырдалæгон

Куырдалæгон — уæларвон куырд, куырдты бардуаг ирон мифологийы.

Аразы згъæртæ, хотыхтæ æмæ æндæр хæстон дзаума; цалцæг кæны тохы чи фæхъæн ис, уыцы Нарты сæры кæхцытæ; сæ бæхтæн сын садзы цæфхæдтæ.

Куырдалæгон йæ уæларвон куырдадзы бахсыста нарты Сослан æмæ Батырадзы. Сарæзта нартæн гутон. Нартимæ цæры хæларæй: уæларвы йæм бирæ рæстæджы дæргъы уазæгуаты вæййынц номдзыд нарт. Куырдалæгон йæхæдæг дæр у зынаргъ уазæг нарты куывдты. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, æхсæны куывдтæ æмæ хистытæй хъæубæсты куырдтæн хай чи нæ бакæна, кæнæ хъæугуывдты Куырдалæгоны номыл æмæ хъæубæсты куырдты цæрæнбоны тыххæй сидт чи нæ рауадза, ууыл Куырдалæгон йæ маст акаолдзæн.

Æввахс хъæуты цæрæг куырдтæ алы аз дæр Куырдалæгоны номыл æргæвстой фыс æмæ дзы куырдтой æнтыстдзинад сæ куысты, сæ хъуыддæгты.

Tags:

Ирон мифологиНартæ

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

АлбаниХуссар Ирыстоны автономон бæстæГæджитæБæгъаVk.comXIX æнусКолумбиПрохладнæХъазанКуманово1541Латинаг АмерикæИрыстонБолгайраг æвзагПуризмЦæгат Ирланди1 январыÆрцыхъæдХъиргъизБаскаг æвзагХорнæмыгонХъæддагхуыСуэцы къанауÆрыдон (сахар)ЛионБиблиЭстойнаг æвзагМесæ (Аризонæ)МæзджытСунжæ (хъæу)Тамилнад1980-æм азБельгиТелауСтайыцармдарæгБахрейн2023-æм аз1978-æм азСабыр фурдБамакоХорватаг æвзагЗволле1895-æм азТымбылхъæдурДæргъæвсы комМалайы архипелагНог ФæдзæхстДжорджиПьемонтМонархиПолитикæМагаданы облæстПольшæйаг æвзагМæйЛейденАвстрали1233-æм азМьянмæ1962-æм азХунаньБухарестКарпаттæФранц-Иосифы зæххТокио1876-æм азСаваннæ (Джорджи)🡆 More