Комахсæн – ирон чырыстæтты зымæгон циклы къæлиндарон бæрæгбæттæй иу, кодтой йæ стыр комдарæнты (мархойы) размæ.
Комахсæн уыдис дыууæ хайæ, алы хайæн дæр уыдис хицæн ном, ахаста-иу иу къуыри. Фыццаг къуыри хуыдтой Фыды комбæттæн (ацы комбæттæнты рæстæджы дзидза хæрыны бар уыдис). Райдыдта-иу Галæргæвдæн Хуыцаубонæй. Фыццаг къуырийы бонтæй алы бон дæр уыдис ирон иумæйаг дзуæрттæй иуы номарæн бон: къуырисæр Алардыйы номарæн бон, дыццæг – Уастырджийы, цыппæрæм – Мыкалгабыртæ; майрæмбон – Мады Майрæмы, сабаты-иу скодтой стыр æхсæны хист. Дыккаг къуыри хуындис Урсы къуыри (хæрæн уыдис æрмæстдæр урсаг хæринаг) кæнæ хъæлдзæг къуыри, уымæн æмæ дзы уыдис алыхуызон хиирхæфсæнтæ æмæ фæсивæды спортивон ерыстæ. Дыккаг къуырийы къуырисæр уыдис Алардыйы номыл, майрæмбон – Тутыртæ, дыццæг æмæ æртыццæг кодтой хæдзарон куыстытæ, цыппæрæм æмæ сабат уыдысты мæрдты номарæн бонтæ, уыцы бонты-иу бинонтæ сцæттæ кодтой фынг сæ мæрдты номыл æмæ-иу сын æй ныххæлар кодтой, ахæм фынджы уæлхъус-иу бадтысты æрмæстдæр бинонтæ сæхæдæг.
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Комахсæн, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.