Сергей Василийы фырт Багапш (абх.
Архайдта Сухумы протестты 1989-æм азы абхазырдыгæй, æмæ дзы фæцæф. Хæдбар Абхаз куы фæзындис, уæдæй фæстæмæ куыста хицауады бæрнон бынæтты. 2004-æм азы фæстæ дыууæ хатты æвзæрст æрцыдис республикæйы президентæй. Уый президент куы уыдис, Уæрæсейы Федераци Республикæ Абхаз хæдбар паддзахадыл банымадта (2008). Йæ дыккаг æмгъуыды дæргъы фæрынчын рæуджыты ракæй æмæ 2011-æм азы амардис Мæскуыйы рынчындоны.
Сергей Багапш | |
---|---|
абх. Сергеи Василий-иԥа Багаԥшь гуырдз. სერგეი ვასილის ძე ბაგაფში | |
12 февралы 2005 — 29 майы 2011 | |
Вице-президент | Рауль Хаджимба (2005—2009) Александр Анкваб (2010—2011) |
Раздæр чи уыд | Владислав Ардзинба |
Фæстæдæр | Александр Анкваб |
29 апрелы 1997 — 20 декабры 1999 | |
Президент | Владислав Ардзинба |
Раздæр чи уыд | Геннадий Гагулия |
Фæстæдæр | Вячеслав Цугба |
1995 — 29 апрелы 1997 | |
Президент | Владислав Ардзинба |
Райгуырдис | 1949-æм азы 4 мартъийы |
Амардис | 2011-æм азы 29 майы (62 азы) |
Ныгæныны бынат | Джгерда |
Мыггаг | Багапш |
Фыд | Василий Багапш |
Мад | Шушанæ Багапш |
Æмкъай | Марина Шония |
Сывæллæттæ | фырт: Зураб чызг: Лианæ |
Парти | СЦКП → Иугонд Абхаз |
Ахуырад | Гуырдзыстоны субтропикон хæдзарады институт |
Професси | агроном |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Æфсæддон куысты азтæ | 1973—1974 |
Бæстæ | Советон Цæдис→ Абхаз |
Викикъæбицы медиа |
Сергей Багапш райгуырдис бирæсывæллонджын абхазаг бинонтæн 1949-æм азы 4 мартъийы Сухумы. Йæ фыды фыдыфыд — Раджап — мухадзыртæй æрыздæхтис фæстæмæ Туркæй Абхазмæ XX æнусы райдиан. Сергейæн йæ фыдыфыд Саид 1928-æм азы æрбынат кодта Джгердайы хъæуы.
Сухумы 10-æм абхазаг астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кодта Гуырдзыстоны субтропикон хæдзарады институты, райста агрономы дæсныйад. Ахуыр куы кодта, куыста ма сæны заводы æмæ паддзахадон банчы инкассаторæй. Спорт уарзта, Советон Цæдисы адæмты спартакиадæмæ цыдис Абхазы баскетболон къорды капитанæй.
1973—74 азты службæ кодта советон æфсады, демобилизацийы фæстæ нысангонд æрцыдис фæскомцæдисы Абхазы обкомы инструкторæй.
Дарддæр куыста фæскомцæдис æмæ Гуырдзыстоны коммунистон партийы, уыд фæскомцæдисы Абхазы обкомы фыццаг секретарь (1980), стæй партийы Очамчырæйы райкомы фыццаг секретарь дæр. Абхазы национ змæлды фарс кæй лæууыд, уый тыххæй йæ йæ партион бынатæй айстой 1989-æм азы.
Сергей Багапшы ном хæссынц:
This article uses material from the Wikipedia Иронау article Багапш, Сергей Василийы фырт, which is released under the Creative Commons Attribution-ShareAlike 3.0 license ("CC BY-SA 3.0"); additional terms may apply (view authors). Текст у сæрибарCreative Commons Attribution/Share-Alike License лицензимæ гæсгæ; гæнæн ис æндæр æм ис. Бæстондæр бакæс Пайда гæныны домæнтæ. Википеди у Викимеди фондыон регистраци гонд нысан. Images, videos and audio are available under their respective licenses.
®Wikipedia is a registered trademark of the Wiki Foundation, Inc. Wiki Иронау (DUHOCTRUNGQUOC.VN) is an independent company and has no affiliation with Wiki Foundation.