Абд Аль-Кадир

Абд аль-Кадир (æххæст ном у Сиди эль-хаджи Абд-эль-Кадер Удед-Магиддин, арабб.

Абд аль-Кадир аль-Джазаири
арабб. عبد القادر الجزائري‎‎
Абд Аль-Кадир
Гуырæн ном алжир. арабб. عبدالقادر
Райгуырды датæ 1808-æм азы 6 сентябры(1808-09-06)[…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1883-æм азы 26 майы(1883-05-26)[…] (74 азы)
Мæлæты бынат
Хуындад эмир[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Белого орла орден Чёрного орла орден Спасителя орден Пия IX кавалер Большого креста ордена Почётного легиона
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

У Ораны рагон æмæ номдзыд марабутаг мыггагæй рацæуæг. Ахуыр кодта Маскарæйы, йæ сæргъы аль-Кадиры фыд, номджын Сиди-эль-Магиддин, кæмæн уыди, уыцы динон скъола Хетнейы. Йæ æвæджиау курдиæттæ, диныл æнувыддзинад, ахуырдзинад æмæ гæрзарæхсты руаджы Абд аль-Кадир йе ’взонджы карæй уыдис хъуыстгонд.

Йæхи гуырысхогæнаг алжираг дейы цæстдардæй суæгъд уæвыны охыл аль-Кадир алыгъдис Мысырмæ. Уым лæг фыццаг хатт базонгæ ис европæйаг цивилизациимæ. Мысырæй аль-Кадир хадзыйы цыд акодта Меккæмæ æмæ сыздæхти йæ райгуырæн бæстæмæ эль-хадзыйы номимæ. Уыцы заман францæгтæ, туркæгты асургæйæ, бакодтой Алжир сæхи. Францæгты ныхмæ растадысты бирæ араббаг знæмтæ.

1832-æм азы ныгуылæйнаг Алжиры знæмтæй аль-Кадир æвзæрст æрцыд эмирæй æмæ сарæзта хæдбар паддзахад. Йæхи формалон æгъдауæй расидти Мароккойы хуындæджер Абд ар-Рахманы вассал æмæ бæрнджын æмæ райста аль-муминины («уырнджыты хицау») титул.

1832-æм азы райдыдта иттæг карз æмæ тугкæлæн хæст францæгтимæ. Уый рæстæг Абд аль-Кадир бирæ хæттыты уыдис уæлахидзау, фæлæ æппынфæстагмæ фембылды ис: 1847-æм азы 22 декабры хи радта инæлар Ламорисьер æмæ Омайлаг герцоджы къухмæ, æмæ йæ арвыстæуыд Францмæ.

Францы йын сарæзтой фæлмæн æмæ кадджын цæстдард, æмæ афтæмæй дзы царди йæ хæстæджытимæ, цалынмæ йæ Наполеон Æртыккæгæм нæ рауагъта æмæ пенси снысан кодта, уæдмæ. 1852-æм азы 21 декабры уый ацыди цæрынмæ Бурсæмæ, фæстæдæр та — Дамаскмæ, цыран 1860-æмы сæрды сдзырдта, карз æлхъывд чи цыди, уыцы чырыстæтты сæрыл. Уæдæй фæстæмæ йæ цард уыди сабыр æмæ æнæхъыгдард. Æцæг, рæстæгæй-рæстæгмæ аль-Кадир араст-иу ис динбалцыты, кувынмæ. Иу хатт ма хадзыйы цыд акодта Меккæмæ, 1867-æм азы абæрæг кодта Дунеон равдыст Парижы, 1869-æмы ноябры та уыди Суэцы каналы байгомы уазæг.

Сфæлдыстад

Абд аль-Кадир ныффыста иттæг цымыдисаг динон-философон уацмыс, кæцы Дюга раивта араббагæй францагмæ ахæм сæргондимæ: «Rappel à l’intelligent; avis à l’indifférent» (Париж, 1858).

Кæс ноджыдæр

Фиппаинæгтæ

Tags:

Араббаг æвзагДамаск

🔥 Trending searches on Wiki Иронау:

Сау денджызПортугайлаг æвзагНью-Йорк (штат)ЕвразиЛикино-ДулёвоГæджитæ1840-æм азЗгъæрХъæрæсейаг-балхъайраг æвзагСеверодвинскИспаниМангол1066-æм азМæздæгПысылмон динХетæгкаты КъостаXVI æнусМухудоШекспир, УильямДзесты КуыдзæгЦæгат ИрыстонПальмæ (сахар)КилометрÆрыдоны семинарГангОкситайнаг æвзагСаарбрюккенПсихологиЛатинаг æвзагАкюрейриХъисын фæндырЕлхотОманНымæт (хъуымац)АндоррæКарпаттæФæрæзАгры2017-æм азМасейоКъофиОлесуннФранцаг æвзаг1940-тæМетрÆрыдон (сахар)Алжир1970-тæКрестовкæ (Донецчы облæст)Сиддхартха Гаутама18 апрелыХид (биологи)НамибиМагаданы облæстАндисСихъотæПарижЛюксембургСæмсгæфСычъиИспайнаг æвзагДзимыргом🡆 More